филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:14 воскресенье, 01 февраля 2026
12 сентября 2023, 13:35
Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл парчы сбæрæг кодтой уæлæмхасæн ахуырады бон

Сывæллæттæн бацæттæ кодтой алы къабæзтæм гæсгæ фæзтæ

Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл парчы сбæрæг кодтой уæлæмхасæн ахуырады бон. Сывæллæттæн бацæттæ кодтой алы къабæзтæм гæсгæ фæзтæ. Уыдоны базыдтой, туристон балцыты цæугæйæ æмæ сын аивадон сфæлдыстады пайда чи уыдзæн, ахæм зонындзинæдтæ.  Рæзгæ фæлтæры ахуыр кодтой фыццаг медицинон æххуыс кæныныл, куыста дзы  фæндаггон змæлды æдасдзинады лаборатори. Сывæллæттæн ма уыд, цымыдисаг хъазт «Нарты къахвæндæгты» бацархайыны фадат дæр. Уæлæмхасæн ахуырады бон сбæрæг кодтой 2-аг хатт ахуырдаы æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæйы хъæппæрисæй, æмæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы æххуысæй. Сывæллæттæн ма бацæттæ кодтой концертон программæ дæр. Сæ курдиат сын сæ размæ рахастой Дзæуджыхъæуæй, Горæтгæрон, Мæздæджы æмæ Кировы районтæй сфæлдыстадон къордтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania