12 сентября 2023, 13:36
Уæлæмхасæн ахуырады бон сбæрæг кодтой Мæздæджы кванториумы дæр
Сывæллæттæн æмæ сæ ныййарджытæн технопарчы сарæзтой экскурситæ
Уæлæмхасæн ахуырады бон сбæрæг кодтой Мæздæджы кванториумы дæр. Сывæллæттæн æмæ сæ ныййарджытæн технопарчы сарæзтой экскурситæ. Базонгæ сты секциты архайдимæ. Мæздæджы технопарк афæдзмæ бабæрæг кæны 800 сывæллоны онг. Райсынц ахсджиаг зонындзинæдтæ, ахуыр кæнынц техникон зонындзинæдтæй практикæйы пайда кæнын. Уæлæмхасæн ахуырады бон ма кванториумы арæзт æрцыдысты дæсныйадæвдисæг æмæ интерактивон ахуыртæ. Сывæллæттæ ахадгæйæ архайдтой мадзæлтты. Бирæтæ равзæрстой, фидæны цавæр секцитæм цæудзысты, уый.
темæмæ гæсгæ




