филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:20 воскресенье, 01 февраля 2026
12 сентября 2023, 13:37
Йæ юбилей сбæрæг кодта Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг, сывæллæтты сфæлдыстады галуаны фыццаг директор Гуыцмæзты Аннæ

Йæ царды фылдæр хай снывонд кодта Республикæйы ногдзауты галуанæн, куыста йæ райрæзтыл

Йæ юбилей сбæрæг кодта Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг, сывæллæтты сфæлдыстады галуаны фыццаг директор Гуыцмæзты Аннæ. Йæ царды фылдæр хай снывонд кодта Республикæйы ногдзауты галуанæн, куыста йæ райрæзтыл. Рæзгæ фæлтæрмæ гуырын кодта патриотизмы æнкъарæнтæ, уарзын сын кодта нæ куыльтурæ æмæ традицитæ. Йæ бирæазон фæллойы тыххæй Гуыцмæзты Аннæйæн радтой

Алкæмæн дæр зонгæ бæстыхай. Уымæ кæсгæйæ æрхъуыды кæнæн ис сабибонтæ. Кусынц дзы, нагдзауты галуан уæлæмхасæн ахуырадæй фылдæр нысаниуæг кæмæн хæссы, стæй сывæллæттæ та æрмæст ахуырдзаутæ нæ, фæлæ сæхи цоты хуызæн кæмæн сты, ахæм ахуыргæнджытæ. Сæ иу – Гуыцмæзты Аннæ. Æмæ сылгоймаджы куы бафæрсай, ацы галуан йæ зæрдæйы цы ран æвæрд у, уæд æнæдызæрдыгæй дзуапп ратты – у йæ дыккаг хæдзар.

Куыд сывæллæтты сфæлдыстады галуан, афтæ уæлæмхасæн ахуырады системæ дæр арæзт уыд Аннæйы къухты руаджы. Сылгоймаг алцыдæр йæ зæрдыл дары. Хъæбæлоты Билары уынаффæ, уыцы рæстæджы ногдзауты хæдзарæн ног бæстыхай ссарыны тыххæй, куыд æй арæзтой, кадджын уавæры йæ куыд гом кодтой, стæй йæ райрæзтыл ын куыд куыстой, уыдон иууылдæр хъуыды кæны абоны хуызæн. Аннæ нæ ауæрста йæхиуыл, стæй нæ зыдта рæстæг.

Галуанимæ уыцы иу рæстæг арæзтой республикæйы фидæн дæр. Аннæ арæхст алы сывæллоны зæрдæмæ дæр фæндаг ссарынмæ. Зыдта, сабийæн æрмæст ног бæрзæндтæ байгом кæнын нæ, фæлæ ма йæ раст фæндагыл сæвæрын кæй хъæуы, уый.

Рæзгæ фæлтæрмæ гуырын кæнын патриотизмы æнкъарæнтæ, уарзын кæнын культурæ æмæ æгъдæуттæ. Аннæ йе ргом здæхта уыцы фарстатæм. Кæддæриддæр йæ зæрдыл дартта, сывæллон Ирыстонæн аккаг адæймагæй хъуамæ кæй сырæза, уый.

Сывæллæттимæ куыст Гуыцмæзты Аннæйæн сси йæ хъысмæт. Уымæн æмæ йæ сабибонтæй фæстæмæ зыдта, ахуыргæнæг кæй суыдзæн, уый. Æмæ цы дæсныйад равзæрста, ууыл фæсмон нæ фæкодта. Куыд зæгъы, афтæмæй йын ног царды фæндагыл æрлæууыны фадат куы уаид, уæддæр дзы ницы аивтаид. Æрмæстдæр йæ хиуæттимæ фылдæр рæстæг æрвыстаид. Уымæн æмæ йын уый кæддæриддæр нæ фаг кодта.

Республикæйы сывæллæтты сфæлдыстады галуаны разамонæгæй фæкуыста бирæ азты. Æмæ уыцы рæстæг Аннæ æрхъуыды кæны уæлдай уарзондæрæй. Бирæ азты сывæллæттæн цы уарзондзинад лæвар кодта, уый ныр исы сывæллæттæй йæхæдæг. Æмæ уый та у адæймаджы сæйрагдæр хæстæй иу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania