Ныртæккæ горæты цæрæнбынæттæ кæмæн ис, уыдонæй хъæумæ стæм чи цæуы йæ фыдæлты фарн хъахъхъæнынмæ
Фыдæлты фарн дарддæр хæссын. Адæмы аккаг уæвын. Фидæны фæлтæртæн пайдайаг хъуыддæгтæ ныууадзын. Стæй фыдæлты æгъдæуттæ дæлæмæ ма руадзын.
Йæ рæдау удæй рæвдауæйы кæд фæнды дæр. Зындгонд хирург, профессор Хъулцыты Æхсарбег кæдфæнды дæр цæттæ у йæ рæстæгæй фæхайджын кæнынмæ.Ныртæккæ горæты цæрæнбынæттæ кæмæн ис, уыдонæй хъæумæ стæм чи цæуы йæ фыдæлты фарн хъахъхъæнынмæ. Фæлæ Æхсарбег та, цымæ Хæзныдонæй цæугæ дæр никуы фæкæны, афтæ кусы йæ фыды уæзæджы райрæзтыл. Зоны æмæ хæссы фæлтæртæм йæ фыдæлтæн зынаргъ хъуыддæгтæ.
Уæлдай стырдæр аргъ та кæны йе мхъæуккагтæн. Хæзныдоны хорзы кой чи парахат кæны, æмæ йын æй рухс фидæныл чи кусы, уыдонæн.
Æхсарбег йæ дæсныйадæн цы рæстæг балæвар кодта, æмæ кæны, уый у йæ уды мæсыг. Алы сдзæбæх рынчынимæ дæр рæзгæ цыд йæ уды хъару æмæ афтæмæй сси зындгонд, зондджын дохтыр.
Царды цыдæн аргъ кæнгæйæ, Æхсарбег архайы сæ мыггаджы истори бахъахъхъæныныл. Уæвгæ йæ сæрмæ цы хъуыды æрцæуа, уый, æнæмæнг, царды йæ бынат ссары. Сарæзта сæ мыггаджы бæлас, стæй рухс федта чиныг «Хъуылцытæ». Хаст æм æрцыд сæ мыггаджы равзæрст æмæ хистæрты тыххæй æрмæджытæ.
Фыдæлты фарн дарддæр хæссын! Адæмы аккаг уæвын! Фидæны фæлтæртæн пайдайаг хъуыддæгтæ ныууадзын! Стæй фыдæлты фарн дæлæмæ ма руадзын! Уыцы хæзнатыл кусæг, Хъуылцыты Агуыбейы фырт Æхсарбеджы хуызæттæ æхсæнады фылдæр куы уа, уæд Ирыстоны истори, æгъдæуттæ, традицитæн фесæфынæй тæссаг нæу.




