филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:02 воскресенье, 01 февраля 2026
20 сентября 2023, 11:29
Сергей Меняйло сæ 100 азы юбилейты фæдыл арфæ ракодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ

Хуыгаты Надеждæ 41-æм азы июны йæхи фæндонмæ гæсгæ ацыди фронтмæ, Мария Амбарцумян та 42 азы æрлæууыди НКВД-йы æфсæдты зынгрирвæзтыты ныхмæ дæлхайады хыгъды

Сергей Меняйло сæ 100 азы юбилейты фæдыл арфæ ракодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ – Хуыгаты Надеждæ æмæ Мария Амбарцумянæн. Хуыгаты Надеждæ 41-æм азы июны йæхи фæндонмæ гæсгæ ацыди фронтмæ. Архайдта Дзæуджыхъæу бахъахъхъæныны тохы. 2002-æм азæй нырмæ ис Мæздæджы районы ветеранты советы хыгъды. Мария Амбарцумян та 42 азы æрлæууыди НКВД-йы æфсæдты зынгрирвæзтыты ныхмæ дæлхайады хыгъды. Хæсты фæстæ куыста Бакуыйы раззагдæр фабриктæй иуы. 80-йæм азы кæрон Мария йæ цæрæнбынат раивта Мæздæгмæ, абоны онг дæр цæры уым.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania