филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:01 воскресенье, 01 февраля 2026
20 сентября 2023, 11:31
Дзæуджыхъæуы æхсæнадон транспорты лæггæдтæй чи пайда кæны, уыцы адæмы æрлæууæнты æнхъæлмæ кæсын бахъæуы 40 минутæй фылдæр

дæм сæ хъаст бахастой адæмон фронты республикон хайадмæ

Дзæуджыхъæуы æхсæнадон транспорты лæггæдтæй чи пайда кæны, уыцы адæмы æрлæууæнты æнхъæлмæ кæсын бахъæуы 40 минутæй фылдæр. Уый аххосæй чи байрæджы кæны ахуырмæ, чи та куыстмæ. Адæм сæ хъаст бахастой адæмон фронты республикон хайадмæ. Йæ минæвæрттæ сарæзтой рейд, цæмæй æркæсой æхсæнадон тарнспорты куыстмæ. Цавæр хатдзæгтæ скодтой, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Гокъоты Зæлинæ у геронтологон центры кусæг. Цæмæй дохтыр йæ куысты бынатмæ бацæуа, уый тыххæй йæ æнхъæлмæ кæсын фæхъæуы æппын къаддæр 40 минуты. Уымæн æмæ æхсæнадон транспорт рæстæгмæ гæсгæ нæ цæуы. Æмæ рæстæгимæ баст фарста, уый иу, фæлæ дзаг хæдтулгæмæ схизын та уæлдай зын у. Æмæ дæ бон ахæм зындзинæдтæй куы райдайай, уæд дын дæ зæрдæйы ахаст изæрмæ дæр хæлд уыдзæн.

Райсомæй æрлæууæн бынæтты фылдæр вæййынц студенттæ. Æхсæнадон транспорт афойнадыл кæй нæ цæуы, уымæ гæсгæ байрæджы кæнынц ахуырмæ. Уыцы хъуыддаг хорз зонгæ у медицинон академийы студенткæ Тебиаты Зæринæйæн. Ахуырадон бæстыхайы лæмбынæг кæсынц студенттæ цафон æрбацæуынц, уымæ. Æмæ дзы 10 минуты дæр рæджы кæнæн нæй. Вæййы афтæ дæр, æмæ адæм хæдтулгæмæ фенхъæлмæ кæсынц 40 минутæй фылдæр. Æмæ гæнæн куы нал вæййы, уæд бадзурынц таксимæ. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм фæрæзтæ бирæтæм нæй. Уæлдайдæр та студенттæм.

Æхсæнадон транспортимæ баст фарста рагæй сæвзæрд. Афæдзæй – афæдзмæ хъастгæнæг адæмы хыгъд нæ кæны къаддæр. Æмæ хæдтулгæты лæггæдтæй чи пайда кæны, уыдонмæ ис æрмæстдæр иу курдиат – æркæсын уавæрмæ.

Адæм сæ хъаст бахæссынц адæмон фронты минæвæрттæм дæр. Уыдон рацыдысты, цæмæй æркæсой æхсæнадон транспорты куыстмæ.

Транспортты цыды хсæн хъуамæ уа 7 – 8 минуты. Райсомæй, адæм куыстмæ кæнæ ахуырмæ куы фæтагъд кæнынц, уæд та 5 минутæй 6 минуты онг. Адæмон фронты минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, рæстæджы домæнтæ не ххæст кæнынц 23-æм æмæ 41-æм маршрутты шофыртæ. Æппæтæй ахадæртæ та сты 77-æм æмæ 8-æм. Æвæццæгæн, уыцы маршрутты шофыртæ рæстæджы домæнтæ кæй æххæст кæнынц, уымæ гæсгæ. Адæмон фронты минæвæрттæ фæнд кæнынц уыцы фарстаимæ бацæуын бæрнон ведомствæтæм. Зæрдæ дарынц, дзуæппытæ кæй райдзысты, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania