филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:56 воскресенье, 01 февраля 2026
21 сентября 2023, 12:13
Цæгат Ирыстоны ацы бонты мысынц Хъæрмæдоны комы зæйы бын чи фæмарди, уыдоны

Сергей Меняйло архайдта номарæн мадзæлтты

Цæгат Ирыстоны ацы бонты мысынц Хъæрмæдоны комы зæйы бын чи фæмарди, уыдоны. Сергей Меняйло архайдта номарæн мадзæлтты. Джызæлы хъæугæрон цы монумент ис, уырдæм дидинджытæ сæвæрдтой парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз, хицауады разамонæг Дзанайты Барис, ведомствæты минæвæрттæ, æхсæнадон æмæ дины архайджытæ. 21 азы размæ ратыдта Хъолайы цъити. Их, цъыф æмæ дурты зæй цалдæр минутмæ йæ быны фæкодта хæдзæрттæ æмæ фæлладуадзæн базæтæ. Æрдзон фыдбылызы амæттаг баисты сæдæ дыууын фондз адæймаджы. Зæйы бын фесты Сергей Бодровы сфæлдыстадон къорды уæнгтæ, бæхты театр «Нартæ»-йы артисттæ æмæ хъæуы цæрджытæ.  Сгарæн-агурæн куыстытæ цыдысты афæдз æмæ рдæг. Сардтой дзы æрмæстдæр нудæс адæймаджы стæгдары. Ныр дæр ма ахуыргæндтæ нæма сбæрæг кодтой, фыдбылыз цы расайдта, уый аххосаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania