21 сентября 2023, 12:26
Хуссар Ирыстоны цæрджытæн арфæ ракодта Сергей Меняйло
Цæгат Ирыстоны разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй 20 сентябр ссис историон къахдзæф хæдбар паддзахады равзæрды
Хуссар Ирыстоны цæрджытæн арфæ ракодта Сергей Меняйло. Цæгат Ирыстоны разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй 20 сентябр ссис историон къахдзæф хæдбар паддзахады равзæрды. Сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадмæ фæндаг уыдис зын æмæ уæззау, фæлæ йыл не фсымæртæ кæронмæ ацыдысты. Уæрæсейы фæрцы фæзынд ног паддазхад, кæцы ныфсджынæй кæсы йæ фидæнмæ æмæ æвзары йæхи райрæзты фæндаг. Арфæ уын кæнын. Зонут æй, мах кæддæриддæр стæм уæ фарсмæ — ныффыста Сергей Меняйло.
темæмæ гæсгæ




