Республикæ ацы æмæ иннæ азæн федералон субсиди райста уæлæмхасæн 6сæдæ 10 милуан сомы
Цæгат Ирыстон ис туристон къабаз размæ зынгæ къахдзæф кæм акодта, бæстæй уыцы 5 регионы хыгъды. Республикæ ацы æмæ иннæ азæн федералон субсиди райста уæлæмхасæн 6сæдæ 10 милуан сомы. Уый фадат ратдзæн дыууæ азмæ 16 проекты царды рауадзынæн. Дзанайты Барис амалхъом адæмимæ фембæлды рæстæг æрдзырдта Уæрæсейы хицауады грантты æххуысы фæлгæты модулон фысымуæтты арæзтадыл. Экопарк «АРИЯ» у Цæллагты Зауырбеджы зындгонд проект «Мыггаджы мæсыг» уæрæхгондæй. Фæнд кæнынц 58 модулон хæдзарæн бындур сæвæрын, стæй Алагиры районы, Цæллагты мæсыгы, Дзывгъисы фидары, Нæлгоймæгты Алайнаг моладзандоны цур 90 номеры байгом кæнын. Цы фæрæзтæ райсой, уыдонæй Горæтгæрон районы рапарахат уыдзæни проект «Фæлладуадзыны индустрийæ». Уым та фæзындзæн 30 фысымуаты модулы, æдæппæтæй 90 бынатæн. Уымæй уæлдай, Дæргъæвсы фæзындзæн эко-парк «Ирбис», уй та ратдзæн 50 номеры бæрц. 20 модулон хæдзары фæзындзæн турбазæ «Дзинага»-йы территорийы дæр. «Реком»-ы кувæндоны æмæ Цъæйы цъитийæ гыццыл æддæдæр арæзт æрцæдзæн фысымуæтты комплекс. Æппæт проектыл дæр кусдзысты бынæттон экологон æрмæгæй.




