филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:59 суббота, 31 января 2026
26 сентября 2023, 12:29
Станицæ Ново-Осетинскæйы байгом кодтой Гуырдзыбеты Блашкайы хæдзар-музей

Бирæ азты кæлæддзаг уавæры цы бæстыхай уыд, уый ссардта йæ фыццаградон хуыз

Мæздæджы районы станицæ Ново-Осетинскæйы æрцыд историон цау – реставрацийы фæстæ байгом кодтой Гуырдзыбеты Блашкайы хæдзар-музей. Бирæ азты кæлæддзаг уавæры цы бæстыхай уыд, уый ссардта йæ фыццаградон хуыз. Ацы цаумæ Ирыстоны ителлигенци рагæй æнхъæлмæ каст. Кадджын мадзалæн æвдисæн уыди Сосранты Жаннæ.

Афтæ кадджын уавæры байгом кодтой бирæ азты кæлæддзаг уавæры цы бæстыхай уыд, уый. Ссардта йæ фыццаградон хуыз. Ам райгуырд æмæ цард йæ бинонтимæ зындгонд поэт, фидæны хæстон, Гуырдзыбеты Майрæнсауы фырт Блашка.

Æрæджы дæр ма ам фенæн уыд кæлæддзаг бæстыхæйттæ. Историон бынатæн ног цард радтыны хъæппæрис разынд хæрзаудæг, меценат, амалхъом адæймаг Боллоты Хъазыбеджы фырт Таймуразмæ. Реставратортæ сног кодтой къултæ, рудзгуыты æмæ дуæртты  хæйттæ. Æнусæй фылдæр азтæн, фæразон разындысты хъæдыл фыстытæ, дурæй амад пец, хæдзармæ бацæуæны асинæтæ.

Проектмæ гæсгæ кæрты æвæрд æрцыд поэтæн цыртдзæвæн. Йæ саразæг у , зындгонд скульптор Соскъиты Владимир.  Дарддæр ма дзы фæзындзæн дыргъдон æмæ æндæр, йæ уацмыстæм гæсгæ дзы цы арæзтæдтæ уыд, уыдон. Стыр куыст бакодтой кæрты цы цъай уыд, уый сног кæныныл дæр. Ныр дзы пайда кæнæн ис, æдасæй.

Гырдзыбеты Блашка уыд ирыстойнаг поэт, дыгурон литературон æвзаджы бындурæвæрæг, Уырыссаг – японаг хæсты архайæг. Фыста канд дыгурон æвзагыл. Ныр йæ царды историйы сыфтæ цæрдзысты ам, йæ хæдзар – музейы æмæ семæ зонгæ кæндзысты абоны æмæ фидæны фæлтæртæ.

Хæдзар – музей байгом кæнынæ кадджын мадзалы бацархайдта бирæ адæм. Се хææн Гуырдзыбеты мыггаджы минæвæрттæ, фысджытæ, æхсæнадон архайджытæ . Цæгат Ирыстоны парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ Цæгат Ирыстоны культурæйы министры хæдивæг Хъуыссæты Зæлинæ республикæйы парламенты æмæ культурæйы минисрады номæй радтой кады гæххæттытæ Гуырдзыбеты Блашкайы хæдзар – музейы рацарæзтмæ æвæрæн чи бахаста, уыдоны. Уæлдай арфæйы аккаг сси Блашкайы хæдзар бахъахъæныны фарстайыл азты дæргъы чи куыста уыцы кадджын хистæр Тагуырты Кларæ. Уый  йæ царды 55 азы балæвар кодта  кæсæндоны куыстæн. Архайдта ацы историон бынатæн дыккаг цард радтæг ссарыныл. Æмæ йæ бæллиц сæххæст Боллоты Таймуразы фæрцы.

Нацианалон музейы сæргълæууæг Цуциты Асланы ныхæстæм гæсгæ та хæдзар – музей дзурæг уыдзæн Блашкайы царды уагыл, йæ къухфыстытæ та сты республикон музейы сæрмагонд бавæрæны. Ацы  аламæты бынат та йæхимæ æлвасдзæн дзыллæты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania