Радон та уыд Цыколайы, йæ райгуырæн хъæуы
Советон Цæдисы хъæбатыр Махъоты Алиханы ном бахъахъхъæнын, фæлтæртæм ын йæ хъæбатæрдзинæдты хабæрттæ хæццæ кæнынæн бирæ мадзæлттæ конд цæуы. Радон та уыд Цыколайы, йæ райгуырæн хъæуы. Уым, Алихан цы хæдзары цард, уый къул сфидыдта номарæн фæйнæгæй. Йæ байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой Æрæфы районы, Цыколайы администрацийы, ветеранты советы, æхсæнадон куыстуæтты минæвæрттæ. Æрæфы районæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайдтой æмæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæдтой 5 мин адæймаджы бæрц. Бирæтæ дзы хорзæхгонд æрцыдысты алыхуызон æфсæддон хæрзиуджытæй. Фæлæ Советон Цæдисы хъæбатыры номы аккаг та сси Махъоты Алихан. Йæ номыл акци «Номарæн цæхæрадон»-ы сагъд æрцыди 3 мин тала бæласы, Цыколайы Уæлахизы парчы та йын сæвæрдтой бронзæ бюст. Номарæн фæйнæг сæвæрыны хъуыды фæзынд хъæуæй рацæуæг Хъараты Ибрагиммæ. Уый бафæндыд, Махъоты Алиханы бинонтæ цы бæстыхайы цардысты, уый цурты цæуджытæ зоной æмæ хъуыды кæной зындгонд хистæр, хъæбатæры ном.




