филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:11 воскресенье, 01 февраля 2026
03 октября 2023, 12:01
Цæгат Ирыстон хъæздыг у кæмтты, хъæуты историйæ

Йæ бахъахъхъæныныл куыст цæуы фæлтæрæй фæлтæрмæ

Цæгат Ирыстон хъæздыг у кæмтты, хъæуты историйæ.  Йæ бахъахъхъæныныл куыст цæуы фæлтæрæй фæлтæрмæ. Дæнцæгæн æрхæссæн ис Æрæфы районы Хæзныдоны хъæу. Йæ цæрджыты фæрцы ис хуыздæр фадæттæ кæмы ис, уыцы хъæуты æмрæхъ. Уæвгæ фехъусæнæй, фенынæй  хуыздæр у. Сосранты Жаннæ афæлгæст хъæуы сарæзт хъуыддæгтыл.

Рæстæджы цыдимæ Хæзныдон йæ номы мидис бахъахъхъæныны нысаниуæджы тыххæй, райдзаст дæр  кæны. Раздæры цæрджытæ йын йæ абоны уавæртæм бæлгæ дæр нæ кодтой. Кæй уырныдта республикæйы центрмæ ахæм дард хъæумæ бацæуæн нырыккондæртæй уыдзæн, уый. Цы зæронд хидыл  цыдысты машинæтæ дæр æмæ адæм дæр, уый ивд искуы æрцæудзæн, уый аргъауау уыд. Фæлæ  цард цæуы æмæ фарн хæссы. Ныртæккæ хъæуы цæрджытæ сæрыстыр сты  цы цæстæнгас сæм ис хицауады æрдыгæй уымæй.

Куыд фæзæгъынц цард йæ кæнон кæны. Цы фæнды паддзахадон æххуысимæ дæр ма хъуыди фарсхæцджытæ. Йæ ахæм  рацæуджыты фæрцы, Хæзныдон ныртæккæ нымад у уавæрджын хъæуты хуыздæрыл.

Хæзныдоны æрдзы комулæфт, йæ  уæлдæф, адæймагæн дæдтынц цавæрдæр æнахуыр, зæрдæхæлардзинадæй хъæздыг хъару. Æмæ æвæццæгæн  йæ рацæуджытæ дæр рæдау зæрдæйы хицæуттæ уымæн вæййынц. Уæдæ цы æмбæлы зæгъын Хъæмболты Мараты зæрдæйы цы диссаджы хъуыддæгтæ саразын æрæфтыд, уыдонæй. Æнæ, уыцы миниуджытæй æххæст адæймаджы сæрмæ ахæм хъуыдытæ нæ цæуы.

Уæдæ ма йæ хъæппæрисæй Хæзнидоны æвæрд æрцыд  дунейы æмбал кæмæн нæй, ахæм цыртдзæвæн. Сæ фырттæм æнхъæлмæ кæсгæйæ чи  баззад, уыцы мадæлтæн. Ныр дзы алы  6-æм майы арæзт æрцæуы патриотон хъомыладимæ баст республикон мадзал.

Алы хистæр дæр фæбæллы зæрдæмæдзæугæ кæстæртæм, мидисджын фидæн аразджытæм. Хæзныдоны кадджын  хистæрты сæйраг нысан дæр уыд уый – Хæзныдоны схъомылуæвæг иннæты æхсæн адæймаджы хорз миниуджытæй  хицæн кæна.   Æмæ сын бантыст. Хъæуæй рацæуджытæ æрмæст уавæртæ нæ аразынц, фæлæ ма кусынц Хæзныдоны истори, йæ кадджын хистæрты хабæрттæ фæлтæртæм хæццæ кæныныл.

Ныртæккæ Хæзныдоны цæрæг сывæллæнттæн ис æппат уавæртæ дæр сæ арæхстдзинæдтæ гом кæнынæн, стæй сæ зондахаст фидардæр æмæ фылдæр кæнынæн. Ног цалцæггонд Культурæйы хæдзары кусы алы хуызы къордтæ, хъæуы, Хъамболты Екатеринæйы номыл, чиныгдоны дуæрттæ дæр гом сты сæ кæсджытæн.

Æртæ сæдæ азæй фылдæр цы Хæзныдоныл цæуы, уый кой хъуысы йæ фæзминаг цæрджыты зæрдиаг архайд æмæ уазæгуарзондзинады фæрцы.  Иу хатт æй чи бабæрæг кæны, йæ абоны æмæ историон хъæздыгдзинæдтимæ чи базонгæ уй, уымæн йæ зæрдæ фæагуры йема ног фембæлд, иу хатт ма фæхайджын кæнын йæ уд ацы уæлдæфæй, комулæфтæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania