филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:56 суббота, 31 января 2026
04 октября 2023, 11:19
Туристты хи дарыны æгъдæуттæ

Бахъахъхъæнæм нæ рагфыдæлты культурæ æмæ æгъдæуттæ

Азæй-азмæ Цæгат Ирыстоны туристты нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны. Уазджытæн сæ зæрдæмæ цæуынц республикæйы рæсугъд бынæттæ. Сæ хыгъды – кувæндæттæ дæр. Æрæджыйы онг ахæм бынæтты хи дарыны æгъдæуттимæ информацион стендтæ нæ уыд, фæлæ сæ ныр парахатæй æвæрын райдыдтой. Уæвгæ, вæййы афтæ, æмæ сæм иуæй-иу туристтæ се ргом нæ раздахынц, æмæ уагæвæрд фехалынц. Уый бынæттон цæрджыты смæстджын кæны. Регионы цæрынæн æмæ фæллад уадзынæн, æмæ уыимæ бынæттон традицитæ æмæ æгъдæуттæ ма халынæн зæрдæмæдзæугæ уавæртæ куыд саразын ис, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Цæгæраты Георгий у фæлтæрдджын гид. Республикæйы экскурситæ аразы 3 азæй фылдæр. Уыцы рæстæгмæ Цæгат Ирыстоны рæсугъд бынæттимæ базонгæ кодта 3 мин адæймагæй фылдæры. Георгий куыд зæгъы, афтæмæй йын экскурситы ахсджиаг вæййы, уазджытæн радзурын традициты, æгъдæутты, æмæ, æнæмæнг, кувæндæтты хи дарыны уагæвæрды тыххæй. Уымæн æмæ туристтæ цы бынæттæ бабæрæг кæнынмæ бæллынц, уыдонæн бынæттон цæрджытæн ис сæрмагонд нысаниуæг.

Социалон хызты æрæджы стыр быцæу цыд, Алагиры районы Лæгты Дзуары цыртдзæвæны цур туристты къорд карз нозт кæй нызта, уыцы цауы тыххæй. Бынæттон цæрджыты уыцы хъуыддаг смæстджын кодта. Кувæндоны дзуары лæг Черчесты Руслан куыд зæгъы, афтæмæй алы хатт дæр радзуры ацы бынаты хи дарыны æгъдæутты тыххæй.

Республикæйы туризмы комитет кæны стыр информацион куыст ацы къабазы. Ныхас кæнынц иннæ регионтæй гидтимæ, æвæрынц, сыгъдæг бынæтты хи дарыны æгъдæуттæ фыст кæм сты, ахæм стендтæ. Æмгуыстад кæнынц историктимæ дæр, зæгъы комитеты сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тебиаты Мæдинæ. Цæмæй стендтыл цы информаци фыссынц, уый æнæдызæрдыг уа, уый тыххæй.

Республикæйы туристты нымæц дзæвгар сырæзт. Историк Габойты Людмилæ куыд зæгъы, афтæмæй гæнæн ис, æмæ регион уыйбæрц адæмы æрбацыдмæ цæттæ нæу. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, иуæй-иу туристтæ æнæзæрдæмæдзæугæ уавæры бахауынц æнæ сæхи аххосæй.

Габойты Людмилæйы ныхæстæм гæсгæ, ахæм уавæрты хъæуы фæразондæр уæвын республикæйы уазджытæм. Туристты уагæвæрды фарста ног нæу. Ис алы регионты æмæ бæстæты. Фарста алыг кæныны хуызтæй иу у – æмбарынгæнæн куыст. Ацы хъуыддаджы ахсджиаг у, хъуыды кæнын, æрмæст ацы бизнесмæ чи хауы, уыдоны тырнындзинадыл æфтийæгтæ фылдæр кæнынмæ нæ, фæлæ, фыццаджыдæр, республикæйы раст имидж аразыныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania