филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:20 воскресенье, 01 февраля 2026
04 октября 2023, 11:21
Кобылты Сергейы номыл уынджы бирæфатерон хæдзары цæрджытæм сæвзæрд зындзинæдтæ сæ разамындæттæг компанийымæ

Адæмы хыгъдтæй систой фæрæзтæ техникон лæггад кæныны тыххæй

Кобылты Сергейы номыл уынджы 1-æм «а» бирæфатерон хæдзары цæрджытæм сæвзæрд зындзинæдтæ сæ разамындæттæг компанийымæ. Адæмы хыгъдтæй систой фæрæзтæ техникон лæггад кæныны тыххæй. Уыимæ, цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ, разамындæттæг компани ницавæр куыстытæ æххæст кæны, æмæ фидыныл разы не сты. Уавæр сбæлвырд кæныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд.

Ног хæдзар, лыггæнинаг фарстатæ зæронд. Кобылты Сергейы номыл уынджы 1-æм «а» хæдзары цæрджытæм сæвзæрд æнæзæрдæмæдзæугæ уавæр. Адæмæн сæ банчы картæтæй систой фæрæзтæ – дæсгай мин сомтæ. Куыд рабæрæг, уымæ гæсгæ афтæмæй разамынддæттæг компани домы техникон лæггад кæныны тыххæй хæстæ.

Зын бауырнæн у, фæлæ ахæм у ног хæдзары бацæуæнтæй иу – фаз пъолтæ, æнæзылд къултæ. Разамындæттæг компани цалцæг нæ кæны. Хъалæгаты Маринæ æвдисы техникон лæггад кæнынæн квитанцитæ. Фыста куыд æмбæлы, афтæ, фæлæ ныр нал фиды, уымæн æмæ ницавæр куыстытæ æххæстгонд цæуынц, æмбарын кæны сылгоймаг. Бацæуæны фаз плиткæ дæр цæрджытæ сæхæдæг баивтой.

«Владуправдом»-ы разамонæгимæ сæмбæлын махæн дæр нæ бантыст. Цгъойты Мурат интервью радтыныл не сразы, фæлæ телефонæй бамбарын кодта, кæд цæрджытæ сæ разамындæттæг компанийы архайдимæ разы не сты, уæд сын ис, æндæр организаци равзарыны бар. Разамындæттæг компаниты регионалон цæдисы сæрдар Рæмонты Руслан куыд загъта, афтæмæй компанийæн йæ бон æфстау кусын нæу.

Бирæ фатерты нырма цæуынц аивгæнæн куыстытæ, адæм дзы нæма цæрынц, фæлæ сын сæ хыгъдтæй фæрæзтæ систой. Цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ, уый раст нæу. Куыд зæгъынц, афтæмæй сидтысты, цæмæй сын сæ бацæуæнтæ санитарон æгъдауæй ссыгъдæг кæной, фæлæ сæ нæ фехъуыстой. Кæрт аив кæныны куыстытæ дæр сæхимæ æрхаудысты.

Цæрджытæ фæнд кæнынц, быцæу цы компаниимæ сæвзæрд, уый лæггæдтæй ма пайда кæнын æмæ равзарын æндæр организаци, цæмæй хæдзармæ æмæ кæртмæ, куыд æмбæлы, афтæ базилой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania