Се ппæт 105 хъармгæнæны дæр æмæ 44 центрон хъармгæнæн пункты дæр цæттæ сты сæ куыстмæ
Дзæуджыхъæуы райдыдта хъармгæнæн сезон. Се ппæт 105 хъармгæнæны дæр æмæ 44 центрон хъармгæнæн пункты дæр цæттæ сты сæ куыстмæ. Æппæты фыццаг хъарм радтой скъолатæм, сывæллæтты рæвдауæндæттæм æмæ медицинон куыстуæттæм. Хъарм ныридæгæн радтой зæгъæн ис се ппæт хæдзæрттæм дæр. Баззади ма дзы стæм хæдзæрттæ, уыдоны дæр цæттæгæнæн куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Хæдзæрттæн разамынддæттæг компаниты специалисттæ зæгъынц, цæмæй системæ куыд æмбæлы, афтæ куса, уый тыххæй кусæнгæрзтæм хи барæй æвналын нæ хъæуы. Профилон куыстытæ кæронмæ фæуыдзысты цалдæр боны æмгъуыдмæ. Уалдзæджы арæзт æрцыди сæрмагонд штаб, куыста хъармгæнæн сезонмæ цæттæ кæныны æппæт къæпхæнты дæр. Специалисттæ бакодтой стыр куыст, баивтой æмæ сцалцæг кодтой кусæнгæрзтæ. Штабы куыст ахæццæ уыдзæни цалынмæ хъармгæнæн сезон нæ фæуа, уæдмæ.




