филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:00 воскресенье, 01 февраля 2026
11 октября 2023, 11:51
«Иугонд Уæрæсейы æрыгон гвардийы»-йы волонтертæ фыццæгты æмрæнхъ æрбалæууыдысты Мариуполы цæрджыты цур

Æххуыс сын кæнынц соиалон инфтраструктурæйы объекттæ рацаразын, хæлд хæдзæрттæ сыгъдæг кæнын, гуманитарон æххуыс уарын

Æхсæнадон организаци «Иугонд Уæрæсейы æрыгон гвардийы»-йы волонтертæ фыццæгты æмрæнхъ æрбалæууыдысты Мариуполы цæрджыты цур. Æххуыс сын кæнынц соиалон инфтраструктурæйы объекттæ рацаразын, хæлд хæдзæрттæ сыгъдæг кæнын, гуманитарон æххуыс уарын. Фæсивæд, зæгъæн ис, æмæ аразынц ног дуне æмæ аив кæнынц пырх территоритæ бынæттон цæрджытимæ иумæ. Волонтертимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд.

Поезд Севастополь-Дзæуджыхъæу. Уарзон горæты перрон. Ацы райсом ацы фæсивæд сæ ахуыр ныууагътой, цæмæй сæмбæлой сæ хæларыл. Бацæттæ кодтой ирд плакаттæ æмæ йæм радтой сæйраг фарста.

19-аздзыд Константин Герасименко у фидæны программист. Æхсæнадон организаци «Молодая Гвардия Единой России»-йы регионалон хайады æрæджы ис. Волонтерон десанты хыгъды 2 къуырийы æххуыс кодта Мариуполы цæрджытæн паспорттæ æмæ æндæр уæрæсейаг документтæ исынмæ. Уымæй уæлдай ма активисттæ ног территориты цæрджытæн кодтой адрисон æххуыс хæдзарадон фарстаты.

Фæллой кæнынц лæвар æмæ сæ тыхтыл нæ ауæрдгæйæ. Ацы «æрыгон гвардионтæ» æххуыс кæнынц социалон инфраструктурæйы объекттæ аразын, æхстытæй цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ хъыгдард баййæфтой, уыдон сыгъдæг кæнын, скъолатæ æмæ рынчындæттæ ног хъæддзауматæй æххæст кæнын, гуманитарон æххуыс уарын, фыццаджыдæр, æнæ æххуысæй йæ бон кæмæн нæу, уыдонæн – пенсионертæн, инвалидтæн æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн.

Ацы фæсивæд сты æфсармджын, бæрнон æмæ сыгъдæгзæрдæ. Ног регионтæм цæуынц Уæрæсейы алы къуымтæй. Волонтерты фæндаггаджы, хæрыны æмæ цæрыны фарстатæ сæхимæ райстой «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайæдтæ.

Мариупольмæ цалцæггæнæн æмæ рацаразæн куыстытæ кæнынмæ ацæуын кæй фæнды, уыдон абон чысыл не сты, зæгъынц «æрыгон гвардионтæ». Фæлæ ацы ахсджиаг хъуыддаг æххæст кæнынæн хъæуы дæсгай хæттыты фылдæр бархионтæ. Стæй алы хат æрмæст волонтертæ нæ фæхъæуынц.

Сыгъд кварталтæ, пырх фæндæгтæ, сыгъды тæф æмæ тас. Ахæм у Украинæйы гæрзифтонг тыхты архайды хатдзæг. Горæты кæрæтты бæрæг у, æрæджы дзы хæстон архайдтытæ кæй уыд, уый. Фæлæ центры та æндæр уавæр ис. Æмæ алы æрбацыдимæ Мариуполь аивдæр кæны. Уый уæлдайдæр бафиппайдтой, фыццаг хатт дзы чи нæ уыд, уыдон.

Лыггæнинаг фарстатæ бирæ. Сывæллæттæн сæ фылдæры хъæуы психологон æххуыс. Хистæртæ дæр къаддæр фæкæсинаг не сты. Волонтерты хъуыдымæ гæсгæ, хъæуы дæсны психологтæ, раебилитологтæ æмæ логопедтæ. Адæмы фæнды цæрын ног дунейы, æмæ сын баххуыс кæнын у не *хсæнады хæс, зæгъынц æрыгон активисттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania