филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:13 воскресенье, 01 февраля 2026
17 октября 2023, 12:13
Дæнцæгæн хæссинаг бинонтæ

Ахæм номы аккаг у Козаты Майрæм æмæ Бедойты Альбинæ цы ахстон сарæзтой, уый

Дæнцæгæн хæссинаг бинонтæ. Ахæм номы аккаг у Козаты Майрæм æмæ Бедойты Альбинæ цы ахстон сарæзтой, уый. 30 азы дæргъы æмдзу кæнынц æмæ хизынц царды зындзинæдты сæрты. Райгуырæн зæххмæ уарзондзинады æнкъарæнтимæ схъомыл кодтой 3 сывæллоны. Æрæджы Козатæ рамбылдтой Æппæтуæрæсеон конкурс «Афæдзы бинонты» номинаци «Хъæуккаг бинонты». Ног фæлтæрæн хи дæнцæгæй раст цæрын чи амоны, уыдоны тыххæй радзурдзыстæм нæ дарддæры æрмæджы.

Бирæ къамтæ… Æмæ алкæцымæ дæр Бедойты Альбинæ кæсы уарзон цæстæнгасæй æмæ мидбылхудтимæ. Уымæн æмæ уыдон сты йæ сывæллæтты къамтæ. Æмæ кæд схъомыл сты, уæддæр мады зæрдæ раздæрау тыхсы. Уæлдай тынг та мæт кæны астæуккаг фыртыл. Уымæн æмæ ныридæгæн архайы сæрмагонд æфсæддон операцийы. Æфсæддоны фæндаг Козаты Олег йæхæдæг равзæрста, уымæн æмæ кæддæр йæ бабайæн зæрдæ бавæрдта, фидæны æфсæддон кæй суыдзæн, уый.

Æмæ йæ дзырд Олег нæ фæсайдта. Сси Фыдыбæстæ хъахъхæнæг, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, дæнцæгæн хæссинаг адæймаг. Альбинæйы куы бафæрсай, райгуырæн зæххæн аккаг адæймаг куыд схъомыл кæнын хъæуы, уæд æнæ дызæрдыгæй фæзæгъы – хистæрты зонды фæдыл цæугæйæ. Альбинæйæн кæддæриддæр йæ фарсмæ лæууыд йæ хицау.

Цалынмæ астæуккаг фырт хъахъхъæны Фыдыбæстæ, уæдмæ хистæр та фæллой кæны ам, райгуырæн зæххыл. Цæуы йыл 29 азы. Æмæ уыцы рæстæгмæ сси амалхъом адæймаг æмæ меценат, дарддæр кæны йæ фыды куыст. Уымæн æмæ Козатæ сæ сывæллæтты кусын ахуыр кодтой сæ сабибонтæй фæстæмæ.

Козаты бинонтæ фыццаг конкурсы архайын нæ фæнд кодтой. Фæлæ сæ сразы кодта сæ сыхаг.

Майрæм æмæ Альбинæ иумæ цæрынц 30 азы. Куыд зæгъынц, афтæмæй – иу царды алцыдæр æрцыд, фæлæ алы зындзинады сæрты дæр хызтызты иумæ. Уымæ гæсгæ сæ бинонтæ хорз бинонты ном кæй хæссынц, уый у бирæазон куысты вдисæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania