Республикæ дзы парахатæй æвдыст уыдзæн
Цæгат Ирыстон цæттæ кæны æппæтадæмон равдыст-форум «Россия»-мæ. Республикæ дзы парахатæй æвдыст уыдзæн. Экспозицийы иу хай бацахсдзысты адæмон аивадон амалиуæгты райрæзты центры дзаумæттæ. Мадзал райдайдзæн Мæскуыйы 4-æм ноябры æмæ ахæсдзæн 2024-æм азы апрелы онг. Сæ экспозицитæ равæрдзысты бæстæйы се ппæт регионтæ дæр. Равдыст арæзт уыдзæн Уæрæсейы президент Владимир Путины хъæппæрисæй. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Ирд, аив, фæлгонцон. Иу иннæйы хуызæн чи нæ у, ахæм дзауматæ. Алкæмæндæр сæ ис йæхи хицæндзинад. Ацы дзауматыл адæймаджы цæст уайтагъд æрхæцы, æмæ лæмбынæг фæкæсы алы лыстæг хаймæ. Уыдоны æмбæхст ис æцæг мидистæ. Бавæрынц сæ æрмдæснытæ. Ивгъуыдæй нырыккон цардыуылты фидæнмæ æндах чи ивазы, уыдон. Форумы экспозици саразыны архайы Цæгат Ирыстоны 20 æрмдæсныйæ фылдæр. Равæрдзысты раздæр конд куыстытæ, цæттæ кæнынц ногтæ дæр.
Æлыгæй миниатюрæтæ, традицион хъæдын æмæ куырдадзы цагъд дзауматæ, музыкалон инструменттæ. Иу дзырдæй, этникон культурæимæ баст чи сты, ахæм экспонаттæ. Ам алцæмæдæр фæнды лæмбынæг æркæсын. Иуæй-иу предметтæ сæ рæсугъддзинадæй дисы æфтауынц. Къухмæ райсгæйæ, цыма бирææнусон историмæ бандзæвыс, уый хуызæн.
Куыд бирæ азты размæ, афтæ æрмдæснытæ сæ алы сфæлдыстадон уацмысы дæр æвæрынц сæ уды цы æнкъарæнтæ ис, уыдон. Бæцойты Каринæ кæны керамикæйæ дзауматæ. Йæ куыстытæ, бавналгæйæ, уазал сты. Фæлæ сæ æрмдæсны бауагъта йæ уды хъарм æмæ уарзондзинад, æмæ уый нæ банкъарæн нæй.
Алы æрмдæсныйæн дæр ис йæхи æрмдзæф. Фæлæ сæ нысан, æнæмæнг, у иу. Ивгъуыд сахуыр кæнын, раиртасын æй æмæ ног фæлтæртæм фæхæццæ кæнын, рох кæнын цæмæн нæй, уый – Ирыстоны культурæ æмæ традицитæ.
Ацы дзауматы ис æнæхъæн цард æвæрд. Ирон адæмы цард. Уый кæддæриддæр хъуыстгонд уыд йæ традицитæй. Уыдоны тыххæй зонынц республикæйæ дарддæр. Æппæтадæмон форумы архайд та ма дæтты, фылдæр адæмы гыццыл, фæлæ ахæм цымыдисаг регионимæ базонгæ кæныны фадат.




