филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:07 воскресенье, 01 февраля 2026
19 октября 2023, 11:40
Дзæуджыхъæуы æрцахстой, мæнг æхцатæ кæнынæй кæуыл фæдызæрдыг сты, уыцы нæлгоймаджы

Афтæмæй фыдгæнæг мæнг гæххæттын æхцатæй бафыста горæты дуканитæй иуы

Мидхъуыддæгты министрады экономикон æдасдзинады хайады æмæ коорупцийы ныхмæ управленийы кусджытæ Дзæуджыхъæуы æрцахстой, мæнг æхцатæ кæнынæй кæуыл фæдызæрдыг сты, уыцы нæлгоймаджы. Мидхъуыддæгты министрад куыд хъусын кæны, афтæмæй фыдгæнæг мæнг гæххæттын æхцатæй бафыста горæты дуканитæй иуы. Уæйгæнæг æхцатæм куы ркаст, уæд сыл фæгуырысхо ис æмæ бадзырдта пъæлицæмæ. Куыд сбæрæг, афтæмæй æхца разынд хиконд. Оперативон кусжытæ ссардтой аххосджыны æмæ йæ æрцахстой. Йæ цæрæнбынат ын куы басгæрстой, уæд ма йæм ссардтой авд мæнг æхцайы дыууæ мин сомтæй. Фатеры разынд мæнг æхцатæ мыхуыгрæнæн ифтонгарз дæр. Иртасæн куыст цæуы дарддæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania