филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:14 воскресенье, 01 февраля 2026
20 октября 2023, 11:28
Цæгат Ирыстонæй Мæскуымæ экскурсийы ацыдысты 53 адæймаджы

Балц сарæзтой республикæйы фæсивæды хъуыддæгты комитеты æмæ æфсæддон – патриотон хъомылады минæвæрттæ

Цæгат Ирыстонæй Мæскуымæ экскурсийы ацыдысты 53 адæймаджы. Сæ фылдæр – сывæллæттæ. Балц сарæзтой республикæйы фæсивæды хъуыддæгты комитеты æмæ æфсæддон – патриотон хъомылады минæвæрттæ. Мæскуымæ ацыдысты, патриотон мадзæлтты чи фæуæлахиз, æххуысхъуаг бинонтæй чи рацыд, хорз чи ахуыр кæны, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыдоны сывæллæттæ. Бæлццæттæ сæ программæйы фæлгæты бабæрæг кæндзысты парк «Патриот», Мæскуыйы хъæхъхæнынады музей, стæй Уæлахизы парк дæр. Уымæй уæлдай ма снысан кодтой Волгоградмæ ацæуын дæр. Æдæппæтæй дзы уыдзæн 40 сывæллонæй фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania