Йæ кадæн Æрæфы районы бирæ мадзæлттæ арæзт цæуы
Рох гæнæн кæмæн нæй, уыцы рæстæг æмæ йæ хъайтартæ! Цыкола фашисттæй суæгъд кæныныл рацыд 80 азы. Йæ кадæн Æрæфы районы бирæ мадзæлттæ арæзт цæуы. Сæ иуæй стыр æвæрæн хаст æрцыд, Советон Цæдисы хъæбатыр Махъоты Алиханы ном фæлтæртæм фæхæццæ кæнынмæ. Йæ хæдзары къулыл фæзынд номарæн фæйнæг. Уæвгæ нын мадзалы тыххæй бæстондæр радзурдзæн Сосранты Жаннæ.
Советон цæдисы хъæбатыр Махъоты Алиханы хæстон сгуыхддзинæдты тыххæй бирæ æрмæджытæ фыст æмæ ист æрцыд. Æрæфы районы иунæг хъæбатырæн стыр кад кæнынц куыд йæ райгуырæн хъæу Цыколайы, афтæ æппæт Ирыстоны дæр. Чи йæ зыдта, уыдоны ныхæстæм гæсгæ – йæ бафæзминаг уды сконды миниуджыты хабæрттæ парахат кæнын хъæуы.
Алихан цы хæдзары цард, уый къул сфидыдта йæ номыл фæйнæгæй. Уæвгæ, Цыколайы Махъойы фырты ном рохуаты никуы уыд.
Махъоты Алиханы чызг Ларисæ номарæн фæйнæджы байгомыл уæлдай цин кæны. Фæйнæгмæ афтæ фæлмæн цæстæнгасæй кæсы, цымæ йæ фыды уыны, афтæ. Номарæн фæйнæг байгом кæныны кадджын уавæры архайдтой Махъоты мыггаджы, Стыр Ныхасы минæвæрттæ, Цыколайы дыккæгæм скъолайы кадетон къласы уæнгтæ, Цыколайы, стæй Æрæфы районы разамынд.
Махъоты Алихан ныгæд у Цыколайы. Йæхи фæндонмæ гæсгæ йæ Дзæуджыхъæуæй æрластой, фыдыбæстæ цы хæстонтимæ хъахъхъæдта, уыдоны æфсымæрон ингæны цур.




