филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:38 воскресенье, 01 февраля 2026
26 октября 2023, 12:25
Октябрьскæ, Комсомольскæ æмæ Хуымæллæг нымад æрцыдысты республикæйы хуыздæр хъæутыл

Фæстаг рæстæг дзы стыр куыст цыдис: сног кодтой инфраструктурæйы объекттæ, саив кодтой фæлладуадзæн зонæтæ, сæвæрдтой спортивон тренажертæ

Октябрьскæ, Комсомольскæ æмæ Хуымæллæг нымад æрцыдысты республикæйы хуыздæр хъæутыл. Фæстаг рæстæг дзы стыр куыст цыдис: сног кодтой инфраструктурæйы объекттæ, саив кодтой фæлладуадзæн зонæтæ, сæвæрдтой спортивон тренажертæ. Иу дзырдæй, цæрджыты цард фæхуыздæр кæнынæн алыхуызон мадзæлттæ арæзтой. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Фæззыгон сабыр бон Октябрьскæйы парчы. Æрæджы фæлладуадзæн зонæмæ базылдысты – сæвæрдтой ног бандæттæ, баивтой рухсгæнæнтæ, фæзынд сценæ. Зæронд рынчын бæлæсты бæсты ныссагъдтой талатæ. Ацы аз Октябрьскæ нымад æрцыд республикæйы хуыздæр хъæуыл.

Спорткомплексы фарсмæ – футболон фæз æрдзон газонимæ. Ис дзы уынгты тренажертæ, изæрыгон фæсивæд ам æрæмбырд вæййынц. Фæнд ма кæнынц сæвæрын теннисæй хъазынæн стъолтæ.

Комсомольскæ ацы аз сси 3 конкурсы уæлахиздзау – хуыздæр муниципалон практикæ, муниципалон æмвæзадыл нациты *хсæн ахастдзинæдтæ фидардæр кæнын, стæй ма дыккаг бынат бацахста хуыздæр хъæуы конкурсы.

Бынæттон администрацийы æмæ цæрджыты иумæйаг хъаруты фæрцы, Комсомольскæ бахауд хуыздæрты номхыгъдмæ. Хъæуы фæлгонц сабыргай ивы. Ног арт-объект сси уарзон фæсивæдæн. Тагъд ам саив кæндзысты фæз, сæвæрдзысты рухсытæ. Ис, æрвылбон цардыл хорзырдæм чи фæзындзæн, ахæм ивддзинæдтæ дæр. Ныртæккæ хъæуы 8 километры дæргъы ивынц доны хæтæлтæ. Афтæмæй хæдзæртты фæзындзæн сыгъдæг æмæ хæрзхъæд дон.

Хуымæллæджы цæры 3 мин адæймаджы онг. Хъæу конкурсы бацахста 3-аг бынат. Æрæджы ам байгом ног спортивон комплекс. Хъæбысæй хæцынæн зал, тренажерты зонæ, тагъд фæзындзæн боксерон ринг дæр.

Хуымæллæджы сног кодтой скъола дæр. 80-йæм азты цы бæстыхай сарæзтой, уый ныр зын базонæн у. Хъæуы фæстæ базылдысты цадмæ, цæмæй сывæллæттæн уа ленк кæнынæн бынат. Былгæрæттæ ма хъæуы бетон плитатæй æрæмбæрзын, территори саив кæнын, фæлæ Донæскъæфæны хъæуы цæрджытæ ам сæмбырд сты. Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй бирæ хорз ивддзинæдтæ цæуы.

Призон фæрæзтæй Хуымæллæджы администраци хъæугæрон уынгты сæвæрдзæн рухсытæ. Иннæ аз та хъæу фæнд кæны ногæй хуыздæрты æмрæнхъ суæвын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania