филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:05 суббота, 31 января 2026
26 октября 2023, 12:28
Нациты паддзахадон театры «Сфæлдыстадон лаборатори» гастрольты ссыд Дзæуджыхъæумæ

роектæн æххуыс кæны Уæрæсейы культурæйы министрад

Нациты паддзахадон театры «Сфæлдыстадон лаборатори» гастрольты ссыд Дзæуджыхъæумæ. Проектæн æххуыс кæны Уæрæсейы культурæйы министрад. Сарæзтой йæ нæ бæстæйы чысыл горæтты театрты рæзтæн. Лабораторитæ абалц кæнынц режиссертимæ, критиктимæ æмæ педагогтимæ. Гастрольты программæ æххæст кæнгæйæ, ирыстойнаг аивадуарзджытæ бакастысты цалдæр равдыстмæ. Цавæртæм, уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ.

Хъæлдзæгдзинад æмæ æрхæндæг, уарзондзинад æмæ æмбалдзинад. Сценæйы канд сылгоймæгтæ нæй. Аивадуарзджытæ 2 сахатмæ банкъардтой 6 хъысмæты æмæ царды уавæртæ. Хорватаг драматург Миро Гавраны пьесæ «Все о женщинах» у уырыссаг театры сфæлдыстадон труппæйæн ног эксперимент. Æдæппæтæй дзы ис 6 хъайтары, фæлæ сын сæ хъысмæттæ вдисынц æрмæстдæр 3 актрисæйы.

Нациты паддзахадон театры «Сфæлдыстадон лаборатори» Дзæуджыхæумæ фыццаг хатт не ссыд. Проект саразæг Олег Лоевский куыд хъуыды кæны, афтæмæй алы театры академион бонтæ хъæуы ног кæнын. Йæ хъуыдыимæ разы сты актертæ дæр. Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ Колыты Зæлинæ сценæйы архайы 40 азы. Театралон аивады паддзахадон институт каст куы фæци, уæд сси труппæйы архайæг. Цы сурæттæ равдисы, уыдон дзурæг сты йæ арæхстдзинадыл. Актрисæ куыд зæгъы, афтæмæй кæд йæ дæсныйад рагæй равзæрста, уæддæр сценæйы руаджы ныр дæр ма райхæлынц йæ курдиæттæ. Ахадгæ ххуыс ын кæнынц «Сфæлдыстадон лабораторийы» хуызæн проекттæ дæр.

Базонын, банкъарын æмæ царды равдисын. Алы хъайтары сурæт дæр бирæ куыст у. Уæлдай зын та вæййы, цæттæгæнæн куыстытæн 5 боны йеддæмæ куы нæ уа, уæд. Хъайтарты æнкъарæнтæ раргом кæнын бантыст æрыгон режиссер Филипп Гуревичæн. Цæуы йыл 35 азы. Æмæ кæд уыцы нымæц бирæ нæу, уæддæр ныридæгæн у национ театралон преми «Золотая маска»-йы номинант. Йæ куыстытæм ын кастысты Маяковскийы номыл театры, Уæрæсейы академион фæсивæдон театры æмæ театр Шаломы дæр. Ирыстойнаг артистты ныхæстæм гæсгæ, ахæм адæймагимæ кусын стыр амондыл нымад у.

Æнтыстджын сфæлдыстадон эксперименты руаджы 2015-æм азы уырыссаг театры репертуар фæхъæздыгдæр спектакль «Метод Гренхольма»-йæ. Йæ премьерæ уыд 8 азы размæ, фæлæ уырыссаг театры ныр дæр ма æмбырд кæны бирæ адæмы. Уырыссаг театры аивадон разамонæг Владимир Уваров куыд зæгъы, афтæмæй эксперименты хатдзæгтæм гæсгæ, равдыстытæй иу æнæмæнг баххæст кæндзæн се сфæлдыстад.

Сфæлдыстадон лабораторийы фæлгæты аивадуарзджытæ федтой бритайнаг драматург «Том Стоппарды пьесæ «Отражение и истинное» дæр. Бакуыста йыл режиссер Алексей Крикливый. Равдыстытæй афишæмæ кæцы бацæудзæн, уый бæрæг нæма у. Фæлæ актертæ зонынц, уырыссаг театры сценæйы Лоевскийы «Сфæлдыстадон лаборатори»-йы эксперимент фæстаг кæй нæу, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania