01 ноября 2023, 12:23
Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд координацион советы æмбырд
Ныхас цыд регионы барадхъахъхъæнынады фарстатыл
Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд координацион советы æмбырд. Ныхас цыд регионы барадхъахъхъæнынады фарстатыл. Æмбырды архайдтой тыхы структурæты æмæ цæстдарæн ведомствоты минæвæрттæ, стæй æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнтæ. Стыр æргом аздæхтой æхсæнадон-политикон уавæрмæ. Бæлвырддæр та, цæмæй паддзахадон разамынды бындуртæ ма фæтасой, æмæ нæ бæстæйы территоритæ хъыгдард ма баййафой, уый тыххæй. Национ политикæйы æмæ æддагон бастдзинæдты министр Бæгъиаты Алан куыд загъта, афтæмæй нæ регионы æххæстгонд цæуы сæрмагонд паддзазадон программæ «Нациты хсæн рæзт». Арæзт у 2025-æм азмæ. Сергей Меняйло бабар кодта уæлдай æргом аздахын æхсæнад фидардæр кæнынмæ куыстмæ.




