филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:07 воскресенье, 01 февраля 2026
01 ноября 2023, 12:25
Хидирты Ехьяйы æмдзæвгæтæ та радон хатт айхъуыстысты Лескены культурæйы хæдзæры сценæйæ

Ногæй та, йæ сфæлдыстадмæ хæстæг адæмы йæхимæ æрбалвæста Ехьяйы номыл сфæлдыстадон конкурс «Дыгурон поэзийы æнуcон стъалы!»

Йæ фыстытæ иу хатт кæй хъустыл æруайой, уый сæ зынтæй ферох кæндзæн! Ахæм хъуыдыйыл хæст сты Хидирты Ехьяйы сфæлдыстадмæ æмхиц чи у, уыдон. Ныр сæ рæнхъытæ фæфылдæр сты. Радон хатт арæзт æрцыд йæ номыл сфæлдыстадон конкурс. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Хидирты Ехья кæддæриддæр архайдта адæмæн исты хорздзинад ракæныныл. Йæ алы къахдзæф дæр баст уыд мадæлон æвзаг зонынимæ, уарзынимæ, стæй фыдыбæстæйæн аргъ кæнынимæ. Йæ номарæн мадзалы уыд не сфæлдыстадон къорд дæр. Бæстондæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.

Хидирты Ехьяйы æмдзæвгæтæ та радон хатт айхъуыстысты Лескены культурæйы хæдзæры сценæйæ. Ногæй та, йæ сфæлдыстадмæ хæстæг адæмы йæхимæ æрбалвæста Ехьяйы номыл сфæлдыстадон конкурс «Дыгурон поэзийы æнуcон стъалы!». Уыимæ, кæд ныры онг уыд Лескены æмвæзадыл, уæд дзы ныр та бацархайдтой Æрæфы районы хъæуты скъолаты минæврæттæ.

Куыд бамбæрстам, афтæмæй, ахæм мадзал абоны онг, канд фыссæджы ном хъуыды кæнынæн пайдайаг нæу, фæлæ йæ фæрцы бирæтæ æмхиц кæнынц æвзаг зонынадмæ. Ацы хатт конкурсы ахайджыты нымæц дзæвгар фæфылдæр. Жюрийы уæнгты хъуыдымы гæсгæ, сæ цæттæдзинад уыд бæрзонд æмвæзадыл.

Ерысты архайджыты адих кодтой сæ кармæ гæсгæ. Архайдтой сæхи хуызы мадзалы архайджытæм фæхæццæ кæнын Хидирты Ехьяйы сфæлдыстады æнæбафæзмындзинад.

Мадзалы архайджытæ  иуы хуызæн арфæ кодтой йæ саразджытæн, уæлдайдæр та Хидирти Ехьяйы æфсымæры фырт Хидирты Валерийæн. Йæ хъæппæрисæй, конкурсы æппæт архайджытæн дæр лæвæрд æрцыд æхцайы премитæ, чингуытæ, кады гæххæттытæ.

Хидирты Ехьяйы царды фæндаг кæд æнцондæртæй нæ уыд, кæд ын нæ бантыст хи бинонтæ саразын, уæддæр  ын йæ хиуæттæ, стæй скъолайы кусгæйæ йæ зоныныдзинæдтæй цы фæлтæртæ фæхайджын кодта, уыдон  йæ бирæ фæллæйттæ æмæ йæ ном рох кæнын нæ уадзынц.

Хидирты Ехьяйы фыст æрмæджытæ  рацыдысты хицæн чингуытæй: «Адани фарна»  «Есе»  «Уазай буни»,«Цæргæси Астъонæ».  Конкурс  «Дыгурон поэзийы æнуcон  стъалы!»-йы фæрцы та сæ фæлтæртæ кæрæдзимæ дæтдзысты. Мадзалы аивдзинадыл та зæрдиагæй бацархайдтой Æрæфы районы куьтурæйы галуаны , стæй Лескены культурæйы хæдзары кусджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania