филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:39 воскресенье, 01 февраля 2026
02 ноября 2023, 12:39
Æрæфы районы кæронмæ æрхæццæ Цыколайы иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтад

Йæ байгом кæныны кадджын мадзалы архайдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло

Æрæфы районы кæронмæ æрхæццæ Цыколайы иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтад. Йæ нысан у – туристон æмæ транзитон транспорты цыд сæйраг регионалон трассæйæ æндæр уылты ауадзын. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ног фæндаг бæтты Дзæуджыхъæу, Æрыдон, Цыкола æмæ Кæсæг-Балхъары хъæу Дыккаг Лескен. Уыимæ Цыколайы сæйраг уынгтæ хъыгдард нæ цæуынц. Уый та фадат дæтты Дыгургомы туристон объекттæм æнцондæрæй бахæццæ уывæнæн. Фæндаг байгом кæныны кадджын мадзалы тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Афæдзы размæ дæр ма ам ницы уыд. Ныр та ног фæндаг. Йæ байгом кæныны кадджын мадзалы архайдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Раарфæ кодта, йæ арæзтады чи архайдта, уыдонæн се ппæтæн дæр. Фæндагыл ацæуыны бар фыццаг радтой уæзласæн машинæтæн.

Республикæйы Сæргълæууæг ма бафиппайдта, ног трассæ зынгæ кæй фæстауæрц кæндзæн шофырты рæстæг, уый. Ног фæндаджы дæргъ у 8 километры онг. Фадат ратдзæн Цыкола транзитон транспортæй фæуæгъддæр кæнынæн. Уымæй дарддæр ног трассæйы фæрцы стыр æвæрæн хаст æрцæудзæн республикæйы туризмы рæзтмæ.

Фæндаг дзуапп дæтты дыккаг техникон категорийы æппæт домæнтæн. Арæзт у дыууæ фарсæй. Сæвæрдтой дзы æфсæйнаг бырутæ æмæ рухсгæнæнтæ. Подрядон организацийы минæвар куыд радзырдта, афтæмæй асфальт сæвæрдтой ног технологитæм гæсгæ. У фидар, йæ эксплуатацийы мгъуыд дæр фылдæр.

Фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль куыд загъта, афтæмæй ма нысан кæнынц светофортæ сæвæрын. Абон дæр районы центрмæ бацæуæны фæзынд сæрмагонд нысан. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ фæндаджы арæзтад фæци æмгъуыдæй раздæр. Хъуамæ йæ радтаиккой ацы азы кæрон. Куыстытæ цыдысты, национ проект  «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ» æххæст кæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania