филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:16 воскресенье, 01 февраля 2026
08 ноября 2023, 13:34
Хъайтыхъты Амир намысджынæй йæхи æвдисы сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы

Йæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ сыстад йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ

Нæ программæйы дарддæры хъайтар та у уæлдай кады æмæ бузныджы ныхæсты аккаг. Хъайтыхъты Амир намысджынæй йæхи æвдисы сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Йæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ сыстад йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ. У бархионты къорды уæнг. Батальон «Алани»-йы æфсæддоны тыххæй бæстондæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы тыххæй ацы хæстон зоны йе мслужбæгæнджытæй фылдæр. Йæ фæсномыг «Мир». Бæстæйы кад хъахъхъæны хæстон цауты фыццаг бонтæй фæстæмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы къахдзæф акæныны размæ бирæ фæхъуыды кодта, сбарста алы хъуыддæгтæ дæр, æмæ райгуырæн бæстæйы сæраппонд æрлæууыны хъуыды фæтых.

Йæ мад ын йæ хъуыдыйыл нæ разы кодта. Амирæн-иу æфсæддон коммисар разыйы дзуапп куы нæ радта, уæд-иу йæ ныййарæг æхцонæй сулæфыд.

Фронты фыццæгты æмрæнхъ лæууын хуымæтæг хъуыддаг нæу, зæгъы Хъайтыхъты Амир. Запорожьейы рдыгæй абоны онг дæр у, æппæтæй карздæр цаутæ кæм фæцæуы, ахæм уаццаг. Украинæйы рдыгæй цы ныхмæлæуд цæуы, уыимæ тох кæны бархионты батальон «Алани». Ардæм æрвыст цæуынц æппæтæй ныфсхастдæр хæстонтæ, цыфæнды цаутæ фенгæйæ дæр цæст чи нæ фæныкъула, ахæмтæ.

Чидæртæ ахуыр кæнын райдыдтой, куыд фæзæгъынц, сыгъдæг сыфæй, кæмæдæрты ныридæгæндæр уыди хæсты архайыны фæлтæрддзинад. Фæлæ сæ ацы хъуыддагыл партæйы уæлхъус иу дæр кæй нæ ахуыр кодта, уый бæлвырд у. Хъыгагæн сæ бахъуыд.

Бархионты батальон «Алани»-йы сгарджытæ архайынц украинаг корректировщикты фæд ссарыныл. Се хсæн ис хъæбатыр æмæ æххæстæй йæ куыст чи зоны, ахæм адæм. Кæрæдзийы ивынц æмæ размæ цæуынц иумæйаг хæс сæххæст кæнынмæ.

Хæсты быдыры уæвгæйæ æнæсæххæстгæнгæ размæ вæрд хæстæ нæй. Иумæйаг хъарутæй, æфсымæрон ахастдзинæдимæ тыхджындæр кæны батальон.

Абон хæстонтæ скодтой æдас акъоппытæ, сæ куыст гыццыл фæахадгæдæр. Фæлæ афтæ алкæд нæ уыди. Амирæн йæ хъуыдыйæ æппындæр нæ хицæн кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг мæйты нæ лæппутæ салд зæххыл знаджы ныхмæ куыд тох кодтой, уый. Украинаг националисттæн сæ къухы не фтыд иу метр дæр фæраздæр уæвын, уымæн æмæ сæ ныхмæ лæууыди æфсæйнаг базмæлæн кæмæн нæй, ахæм адæм. Афтæ ныхмæлæуджытæ хуыдтой ирыстойнаг дæлхайæдты.

Абон Амир фидæнмæ фæндтæ æмæ нысантæ нæ аразы. Куыд зæгъы, афтæмæй йын сæйрагдæр у цы хъуыддаг райдыдта, уый кæронмæ ахæццæ кæнын. Йæ хæрзиуджытæй дæр йæ сæр бæрзæндты нæ хæссы, не сфæлдыстадон къордимæ фембæлдмæ дæр æрбацыди æнæ уыдонæй. Адæймаджы æцæг миддуне бæрæггонд цæуы йæ размæ вæрд хæстæй, зæгъы Амир.

Æцæг, ныфсхаст æмæ хъæбатыр хæстон. Йæ Фыдыбæстæйы раз йæхиуыл сæвæрдта стыр уаргъ. Тагъд рæстæджы æфсæддон фæстæмæ ацæудзæн фронтмæ æмæ та нын хъахъхъæндзæн сабыр цардæн нæ бартæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania