Ахæм кады аккаг систы культурæйы, ахуырады, хъæууон хæдзарады, паддзахадон хицаудзинады, транспорты æмæ спорты къабазы кусджытæ
Адæмты иудзинады бонмæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло кадджын уавæры радта хæрзиуджытæ. Ахæм кады аккаг систы культурæйы, ахуырады, хъæууон хæдзарады, паддзахадон хицаудзинады, транспорты æмæ спорты къабазы кусджытæ. Афтæ Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артисты ном лæвæрд æрцыд паддзахадон ансамбль «Алан»-ы оркестры артист Саутуалты Асланæн. Бирæ азты фæллойы тыххæй республикæйы кады гæххæтт лæвæрд æрцыд не мкусæг, национ телеуынынады службæйы амонæг Сосранты Жаннæ. Сергей Меняйло раарфæ кодта се ппæтæн дæр. Фæстæдæр радзырдта нæ регионы социалон-экономикон рæзты фыццаградон хæсты тыххæй. Куыд бафиппайдта, афтæмæй ныртæккæ республикæйы разамынд аразы алцыдæр, цæмæй Цæгат Ирыстоны цард фæхуыздæр уа, уый тыххæй.




