филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:15 воскресенье, 01 февраля 2026
08 ноября 2023, 13:35
Цæгат Ирыстоны абон мысынц радио æмæ телеуынады диктор Мамсыраты Тасолтаны

Йæ цардæй ахицæн дыууæ азы размæ

Цæгат Ирыстоны абон мысынц радио æмæ телеуынады диктор, Ирыстоны адæмон артист, паддзахадон телерадиокомпани Аланийы преми «Сызгъæрин микрофоны» фыццаг лауреат Мамсыраты Тасолтаны. Йæ цардæй ахицæн дыууæ азы размæ. Дикторы хуызы Мамсыраты Тасолтан йæхи фыццаг хатт бафæлвæрдта 1962-æм азы, уæдæй фæстæмæ йæ цард æнгом сбаста радио æмæ телеуынадимæ. Амыдта куыд лирикон, афтæ политикон равдыстытæ æмæ радиобакастытæ. Тасолтаны бирæвæрсыг курдиаты стыр бынат ахста музыкæ. Уæлдай аив æмæ зæрдæмæдзæугæ та уыдысты Тасолтаны лирикон зарджытæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania