Сæ фæндонæй, хъæуы фæзынд ног æхсæнадон фæз «Фыдæлты Фарн»
Фыдæлты фарн дарддæр хæссын, уыимæ царды домæнтимæ æмдзу кæныныл кусынц Æрæфы районы Хæзныдоны цæрджытæ. Сæ фæндонæй, хъæуы фæзынд ног æхсæнадон фæз «Фыдæлты Фарн». Йæ байгом кæныны кадджын мадзалмæ æвæрæн бахаста не мкусæг Сосранты Жаннæ дæр. Æмæ нын бæстондæр бынаты æмæ мадзалы кой ракæндзæн нæ дарддæры æрмæджы.
Æртæ мæйы размæ дæр ма, Хæзныдонмæ бацæуæны, ацы бынаты уыд хæмпæлгæрдæг. Ныр, адæмы хъарутæй аивгонд æрцыд, циндзинад хæссы æппæт дзылллæтæн, рæвдауы цæст. Йæ саразыны хъуыды фæзынд Хæзныдоны цæрæг Таматы Юриймæ. Ныфс та йын радтой хъæуы цæрджытæ, йæ рацæуджытæ.
Бынат схуыдтой «Фыдæлты фарн». Йæ саразыны хъуыдыйы мидис уыд – хистæртæн кад скæнын, сæ номыл зæрдылдарæн бынат саразын. Уæвгæ, хæзныдойнæгты мысинæгтæм гæсгæ раздæры рæстæг хъæуы цæрджытæ ардыгæй фæндараст кодтой сæ бæлццæтты, стæй сæм æнхъæлмæ дæр кастысыты ацы ран.
Хæзныдоны хъæу зæндгонд у йæ рацæуджытæй. Уыдон Стыр æвæрæн хæссынц сæ фыдæлты истори, хъæуы хæзнатæ дарддæр хæссыныл. Абон та ма фæзынд ахæм кæстæртæ, кæцытæ сæ фæзмынц. Сæ иу абоны райдзаст бынат кæй фæрцы фæзынд, уыцы Юрий æмæ йæ фарсмæ чи æрбалæууыд, уыдон. Мадзалы рæстæг сын сæ бавæрæнæн аргъ скодтой, æмæ сын радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.Таматы Юрийæн та арфæйы гæххæт саккаг кодта Хæзныдоны хъæуы администраци.
Ахæм мадзал саразыны хъуыды фæзынд Хæзныдоны кадджын цæрæг Дамбегты Риммæмæ. Тынг зæрдиагæй бакуыста йæ бæркадыл, йе вæрæн æм бахаста Уаниты Хъазыбег. Хуынд æм æрцыдысты æппæт Ирыстоны цæрджытæ дæр.
Канд Ирыстоны нæ, фæлæ Уæрæсейы дæр, æвæццæгæн, ахæм фæз ссарын зын у. Цыппар тырысайы дзы сæвæрыны хъуыды хуымæтæджы нæ фæзынд. Уый ууыл дзурæг у, æмæ ам аргъ кæй кæнынц сæ историйæн, æргом зæрдæйæ кæй кусынц сæ райдзаст абоныл æмæ мидисджын фидæныл. Таматы Юрийы ныхæстæм гæсгæ, ам цы хъуыддæгтæ æвæрд ис, уыдонæй алкæцыйыл дæр биноныгæй бакуыстой. Ацы цæргæс хъахъхъæны фыдæлты æмæ кæстæрты æмбарынад.
«Фыдæлты фарн»-ы байгом кæныны кадджын мадзалмæ æрбацæуджытæ иуы хуызæн дзырдтой – бынаты сарæзт адæмы æнгомдзинадæн пайдайаг кæй фæци. Алкæйы дæр фæндыд йе вæрæн бахæссын йæ аивдзинадмæ, Тамайы фырты æрхъуыды цардмæ рахæссынæн баххуыс кæнын.




