10 ноября 2023, 13:50
Дзæуджыхъæуы райдыдта регионты хсæн фæсивæдон ахуырадон форум «Хæлардзинады академи»
Йæ архайджытæ сты – волонтерты æхсæнадон æнæкоммерцион организациты активисттæ æмæ бархионтæ
Дзæуджыхъæуы райдыдта регионты хсæн фæсивæдон ахуырадон форум «Хæлардзинады академи». Йæ архайджытæ сты – волонтерты æхсæнадон æнæкоммерцион организациты активисттæ æмæ бархионтæ. Сæрмагондæй уыдонæн бацæттæ кодтой хъæздыг ахуырадон программæ. Форумы сæйраг нысан у – бархионты культурæ сфидар кæнын, æмæ йæ фæсивæды хсæн парахат кæнын. Форум байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Джусойты Руслан. Се ппæтæн дæр фадат уыд уазджытæн сæ фæрстытæ раттынæн.
темæмæ гæсгæ




