филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:57 воскресенье, 01 февраля 2026
15 ноября 2023, 11:05
Цæгат Ирыстоны байгом уыдзæнис историон-документалон кинойы фестиваль

Равæрдзысты дзы аст документалон кинонывы Фыдыбæстæйы стыр хæсты тыххæй, нæ бæстæйы зындгонд адæмы æмæ сгарджыты тыххæй

Цæгат Ирыстоны байгом уыдзæнис историон-документалон кинойы фестиваль. Равæрдзысты дзы аст документалон кинонывы Фыдыбæстæйы стыр хæсты тыххæй, нæ бæстæйы зындгонд адæмы æмæ сгарджыты тыххæй. Мадзал аразынц Дзæуджыхъæуы кинойы хæдзары, Уæрæсейы историон æхсæнад, кинематографистты Цæдисы æмæ фыдыбæстæйы историйы фонды æххуысæй. Уæвгæ, Ирыстоны цæрджытæй бирæтæ систы патриотон кинойы сисыны аккаг. Уæлдайдæр та – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цы хъæбатырдзинад æвдыстой, уымæ гæсгæ. Иу ахæм цау нын раргом кæндзæн Хæуытаты Зитæ.

Æгъатыр хæст… Нæ йæ  урæдта нæдæр дин, нæдæр тас, æппындæр ницы. Æфсæддон дарæс  йæхиуыл, чи æркодта, уыдоныл хæсты уæз дывæрæй æрæнцад… Уæдæ цас зындзинæдтæ бавзæрстой лæгæвзарæн тохты удæгасæй чи баззад, уыцы хъæбатыртæ.

Хуссар Ирыстон, Дзимыргом.. .Ардыгæй 1941-1945 азты уæззау хæстон фæндæгтыл ацыдысты 80 адæймагмæ ввахс. 38-æй дзы  нал æрбаздæхтысты  сæ райгуырæн хæдзæрттæм…Уыцы хъæбатыр хæстонтимæ уыдысты  Цгъойты мыггаджы нæлгоймæгтæ дæр, 14 – æй…Дзимыргомы сын Цгъойты хъæуы бахизæны æвæрд ис  цыртдзæвæн.

Се  ппæты хæстон сгуыхтдзинæдтæ нæ къухы нæ бафтыд æрæмбырд кæнын абонмæ, фæлæ нын бантыст дыууæ хæстон -Дзгойты Федр æмæ Цгъойты Георгийы фсæддон фæндагтæ сбæрæг кæнын.

Цгъойты Алыксандры ( Лексойы ) фырт Федр хæрз чысыл сабийæ баззад сидзæрæй. Низ ын йæ ныййарджыты цард аскъуыдта.. Федр, йæ хистæр æфсымæр æмæ дыууæ хойы хи хъæбултау  хъомыл кодтой сæ фыды хистæр æфсымæр-Никъолоз  йæ бинойнаг Дзестелты Нуцаимæ. Никуы ницæмæй сæ фæхъулон кодтой сæхи цотæй. Бахъомыл сты куыстуарзаг, ахуырмæ зæрдæргъæвд. Федр каст фæци скъола, уый фæстæ ахуыргæнæджы курсытæ. Кусын райдыдта ахуыргæнæгæй. Уый фæстæ йæ арвыстой Цхинвалы партион скъоламæ. Æрбаздæхгæйæ, куыста Дзимыры колхозы сæрдарæй. Бинойнагæн йæхицæн равзæрста Гуырцъыты Клавдияйы. Рантыстис сын дыууæ хуры, Хъуæмæ ма бинонтыл бафтыдаид…фæлæ..  Фæлæ цардбæллон фæлтæры цард, ФС хæсты хабар фехæлдта…

Цгъойы фыртæн, разыйы дзуапп нæ лавæрдтой æфсæддон къæмисæрады…Брон æвæрд ыл уыд. Уæддæр нæ ныллæууыд. 1942 азы араст хæсты цæхæрмæ. Дæргъвæтин рæстæг дзы ницы хабар уыд… Уый фæстæ æрбацыд сау гæххæтт: Цгъойты Алыксандры фырт Федр знагимæ хæцыд æвзыгъ æмæ хъæбатырæй… Æбæрæгæй фесæфт Сталинграды  фронты 1943 азы…

.20 æнусы райдиан… Цгъойты Чете æмæ Хететы Фаризæты бинонтæ кæрæдзи æмбаргæйæ хъомыл кодтой сæ фондз кæстæры – 3 лæппуйы-Лади, Дзего, Жожи-Георгийы æмæ  2 чызджы-Ксения æмæ Маряйы. Уыдысты цардхъом бинонтæ. Дардтой бирæ стурвос. Дзæуджыхъæуы сын уыд хæдзар. Уыдис сын фадат сывæллæттæн ахуыргæнджытæ  баххуырсын дæр…

Фæзминагæй бахъомыл сты Чете æмæ Фаризæты цот…Дыууæ хистæр лæппуйы бакодтой бинонты хъуыддаг, бавзæрстой хъæбулы ад. Чызджытæ дæр царды ссардтой сæ бынат.

Фыццаг хатт сабыр бинонты цард фехæлдтой 30-æм сæрсафæн азтæ…Сæ мулкъ сын байстой…Бинонты хистæр Четейы «кулак дæ» зæгъгæ, хæссинаг уыдысты Сыбырмæ. Фæлæ йæ бæсты Беломор-каналмæ æрвыст æрцыд хистæр фырт Лади. Уырдыгæй нал сыздæхт… Кæд сæ царды уавæртæ фæцудыдтой, уæддæр амæлттæ кодтой, кæридзи æмбаргæйæ бинонтæ.

Æфсымæрты кæстæр -Жожи-Георгий хæрзконд, гуырвидауц лæппу! Фæзминаг уыд  хъæуы фæсивæды æхсæн! Йæ амонд ссардта Георгий- Дзиуаты Душаимæ . Фæлæ нæ бафсæстысты кæрæдзийы уындæй дыууæ æрыгон уды…Хæрз цыбыр рæстæджы фæстæ æрбайхъуыст хæсты сау хабар…Æмæ Георгий дæр фыццæгтимæ араст хæстон фæндагыл… Тугдзых знаджы йæхиуыл æнæауæрдгæйæ дæрæн кодта Украинæйы зæххы карз тохты… Керч æмæ йæм ввахс хъæутæ – уыдонмæ сарæзта знаг йæ ных фыццаджыдæр. Хæстæн йæ райдианæй  йæ кæронмæ горæт дыууæ хатты  уыд окуппацигонд. Историон æрмæджытæ куыд амонынц, афтæмæй ацы ран сæ мæлæт ссардтой мингай хæстонтæ… Бæргæ лæвæрдтой ныхкъуырд нæ хъæбатыр  æфсæдтæ, фæлæ знагимæ æмдых нæ уыдысты. Бирæ адæм ныццагъдæуыд уыцы тохты, уæззау цæфтæй дзы бирæ акодтой уацары. Уыдонимæ уыд Четейы фырт дæр. Тардтой сæ иу лагерæй иннæмæ, цæфтæй, æххормаг æййафгæйæ. Цæуын –иу чи нал фæрæзта, уыдоныл-иу ауагътой пулеметон рад.

Уыцы рæстæг хæдзармæ æрбацыд сау гæххæтт – «Георгий æбæрæгæй фесæфт Украинæйы зæхх знагæй уæгъд кæнгæйæ…»

Иу ахæмы не мзæххон Георгийæн  бантыст лагеры бæстыхайы æдде фæуын, фæлæ йын нæ бантыст алидзын, немыцагтæ йæ ссардтой æмæ та йæ раздæхтой… Дзæвгар рæстæг ахаста  уæззау рынчын дизентирийæйæ. Уæлахизы хабар ыл сæмбæлд Германийы зæххыл! Советон æфсад уацайрæгты куы уæгъд кодта, уæд сын бæлвырд кодтой сæ документтæ лыстæг сасирыл луарæгау. Ницы аххосаг ссардтой  Цгъойты Георгимæ æмæ æрбаздæхт йæ райгуырæн хæдзармæ. Йæ бинойнаг Душайæн кæд æнцон нæ уыд, уæддæр  уддæппæт рæстæг лаггад кæнынæй нæ фæллад Гергийы ныййарджытæн. Бавзæрстой  хъæбулы ад бинонтæ.

Арæх-иу Георгийæн йæ цæстытыл уадысты хæсты уæззау цаутæ, раздахæн кæмæн нал уыд, уыцы æфсæддон æмбæлттæ. Бирæ зындзинæдты сæрты ахызти не мзæххон, фæлæ нæ асаст. Нæ фесæфта йæ уды хуыздæр миниуджытæ. Йе гъдау æмæ уæздандзинад йæ разæй цыдысты цалынмæ цард, уæдмæ. Йæ фæлмæн мидбылхудтæй, ныхасæй æмæ зæрдæйы хъармæй ма барæвдыдта йæ цоты цоты дæр. Æмæ кæд абон се хсæн нал ис, уæддæр йæ рухс ном æмæ сурæт цæры.

Стыр Уæлахиз! Уæдæй абонмæ рацыд 75 азæй фылдæр, фæлæ рох нæу æмæ нæ уыдзæн Советон адæм ын бафыстой, сбарæн кæмæн нæй, ахæм аргъ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania