Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар республикæйы Парламенты депутат, уыцы-иу рæстæг та ма æфсæддон операцийы архайæг – Бæдтиаты Алан
Лæгдзинад, хъæбатырдзинад æмæ зын рæстæг æххуысы къух радтын. Æппæт ацы миниуджытæ сты йæ туджы. Паддзахадон службæйы уæвгæйæ, йæхи нæ аиуварс кодта æмæ фронты хъахъхъæны райгуырæн бæстæйы бартæ. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар республикæйы Парламенты депутат, уыцы-иу рæстæг та ма æфсæддон операцийы архайæг – Бæдтиаты Алан. Йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ æфсæддон цауты фыццаг бонтæй фæстæмæ æххуыс кæны нæ хæстонтæн, æмбырд кæны гуманитарон æххуыс æмæ йæ ласы фронтмæ. Ацы бонты йемæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд, æмæ йын йæ хъæбатырдзинады тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ нæ республикæйы Парламенты депутат Бæдтиаты Алан хъуыды кæнын райдыдта, нæ хæстонтæн куыд баххуыс кæна, ууыл. Кировы районы, йæхæдæг дæр у уырдыгæй, йæ хъæппæрисæй арæзт æрцыди, гуманитарон æххуыс чи æмбырд кæны, ахæм къорд. Æххуысы фыццаг парти æрæмбырд кодтой дыууæ къуырийы фæстæ. Цыбыр рæстæгмæ ацы системæ снывыл кодтой æмæ æфсæддонтæн æххуыс æрвитын райдыдтой арæх. Æдæппæтæй Алан æмæ йæ хъæппæрисджын къорд арвыстой гуманитарон æххуысы 15 партийы.
Гуманитарон æххуысы алы парти дæр Алан сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ ласта йæхæдæг. Æмæ афæдзы размæ, радон хатт куы ацыди, уæд сфæнд кодта уым бафæстиат уæвын. «Депутат»- йæ фæсномыг дæр Аланæн у афтæ, мæйæ фылдæр уыди фронты. Куыд зæгъы, афтæмæй йæм лæппуты ныууадзын раст нæ фæкасти. Йæхи тыххæй дзурын нæ уарзы, æрмæстдæр загъта, окъоппытæ кæй къахта æмæ хæстонтæн кæй æххуыс кодта, уый. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, Райгуырæн бæстæйы пайдайæн йæ бон цы уыди, уый кодта.
Бæдтиаты Аланы хъæппæрисæй ма Кировы районы арæзт цæуынц патриотон мадзæлттæ, скъоладзауты зондахаст чи фидардæр кæны, ахæм фембæлдтытæ. Æрбахонынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты. Уымæй уæлдай фæсивæдæн саразынц алыхуызон спортивон ерыстæ. Алан куыд зæгъы, афтæмæй рæзгæ фæлтæры хъомыл кæнын хъæуы, цæмæй æмхиц уой патриотизммæ.
Æфсæддонтæн æххуыс кæныны тыххæй æмæ ацы хъуыддагмæ стыр æвæрæн кæй хæссы, уый тыххæй Алан хорзæхджын æрцыди майданæй. Ацы мæйы кæрон та депутат радон хатт араст уыдзæни гуманитарон æххуысимæ.




