филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:15 воскресенье, 01 февраля 2026
21 ноября 2023, 11:12
Фæсивæдон библиотекæйы арæзт æрцыд Хозиты Петры чиныг «Рæзхæссæн»-ы презентаци

Йæ саразыны хъæппæрис автормæ разынд 15 азы размæ

Гæздæнты Гайтойы номыл фæсивæдон библиотекæйы арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист Хозиты Петры чиныг «Рæзхæссæн»-ы презентаци. Йæ саразыны хъæппæрис автормæ разынд 15 азы размæ. Бахаста йæм, 90-æм азтæй нырмæ цы уацтæ фыста, уыдон. Хозиты Петр дзы равдыста алыхуызон актуалон темæтæ. Уыдоны хсæн – Хуссар Ирыстоны национ змæлды уæззау фæндаг, ирон æвзаджы ахадындзинад, адæмы иудзинад æмæ афтæ дарддæр. Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультеты рауагъдон, æхсæнадон змæлд «Адæмон Ныхас»-ы активон архайæг. Нæуæдзæм азты астæу Хозиты Петр æрцарди Дзæуджыхъæуы. Куыста паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы. Уыд авторон программæ «Дзуринæгты» амонæг, стæй газет «Стыр Ныхас»-ы редакторы хæдивæг. Ныртæккæ зындгонд журналист тæлмац кæны наукон уацтæ. Ацы чиныг рауагътой дыууæ взагыл. Йæ тираж у 300 экземпляры. Балæвар дзы кодтой Дзуджыхъæуы библиотекæтæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania