филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:57 воскресенье, 01 февраля 2026
22 ноября 2023, 11:20
Ирыстойнаг хæстонæн Джиоты Ацæмæзæн сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæгмæ саккаг кодтой æртыккаг хæрзиуæг

Артиллеристы хыгъды ис знаджы бирæ пырх техникæ

Ирыстойнаг хæстонæн Джиоты Ацæмæзæн сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæгмæ саккаг кодтой æртыккаг хæрзиуæг. Артиллеристы хыгъды ис знаджы бирæ пырх техникæ. Нысангонд æрцыд не *мкусджыты, журналистты кæй аирвæзын кодта, уый тыххæй дæр. Хæдзары та йæм æнхъæлмæ кæсынц йе стыр бинонтæ. Æдзухдæр ыл сæмбæлынц 3 кæрдзынимæ. Хъæбатыры бинонтимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Кæстæр лейтенант Джиоты Ацæмæз æхстыты бынæй кæй ирвæзын кодта æмæ тохы быдырæй кæй ракодта, уыдоны *хсæн æрмæст хæстон уацхæссæг Ростислав Журавлевы сфæлдыстадон къорд нæ уыд. Бархионæй фронтмæ ацыд 2 азы размæ. Уыцы рæстæгмæ сси взводы командæгæнæг. Уæззаузондыл хæст æмæ ныфсхаст Ацæмæз йæ сабибонтæй тох кодта рæстдзинадыл. Уыцы хъуыддаг æххæст кæны ныр дæр – сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы.

Фæлæ ам бирæ нæ афæстиат ис. Фыдыбæстæ тæссаг уавæры уæвгæйæ, иуварс лæууын йæ бон нæ уыд. Араст сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Джиотæй æрмæст Ацæмæз нæ ацыд фронтмæ. Йе *фсымæртæ дæр хъахъхъæнынц бæстæ. Ацæмæзы фыды ныхæстæм гæсгæ, сывæллæтты хъомылгæнгæйæ сæйрагдæр уыд патриотизм.

Ацæмæз фронты у ныфсхаст хæстон, æфсæддон хæлар æмæ командæгæнæг, хæдзары та – уарзон фырт, цардæмбал æмæ фыд. Йæ фаззæттыл Валерия æмæ Альмирæйыл афæдзгæйттæ цæуы. Кæстæр чызджытæ сæ фыды хуызистытыл базонынц.

Иринæ æмæ Ацæмæзы уарзондзинады истори у кинонывы сюжеты хуызæн. Сабибонтæй фидар æмбалдзинадæй равзæрд фидар бинонтæ. 2 азы размæ сæ цард баиу кодтой. Иринæ Ацæмæзæн сси æххуыс æмæ ныфс. Цалынмæ уый уæлахиз хæстæг кæны, уæдмæ Иринæ хъомыл кæны чызджыты æмæ кæсы хæдзармæ.

Кæстæр лейтенант Джиоты Ацæмæз хорзæхгонд у 3 майданæй: Суворовы, «Æхсардзинады тыххæй» æмæ «Чи фæцæймардис, уыдоны ирвæзын кæныны тыххæй». Рæстдзинадыл тох кæнын йæ генетикон коды æвæрд ис. Хæдзары Ацæмæзмæ æнхъæлмæ кæсынц йæ бинонтæ. Ныр та уал сын стæм хатт вæййы бастдзинад телефонты фæрцы. Ныхас вæййы цыбыр æмæ бæлвырд – ирон нæлгоймагæн куыд æмбæлы, афтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania