Уыцы дæсныйад у зын, фæлæ æнæмæг хъæугæ
Уæрæсейы фыццаг хатт сбæрæг кодтой психологы бон. Уый тыххæй бадзырд бафыста Михаил Мишустин. Уыцы дæсныйад у зын, фæлæ æнæмæг хъæугæ. Нæ программæйы дарддæры æрмæджы нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ радзурдзæн, адæмæн зын уавæры чи баххуыс кæны, уыдоны тыххæй.
Ардæм чи рбадзуры, уыдон вæййынц æххуысагур адæм. Цæукъаты Ларисæ рагагъоммæ никуы зыдта, адæймагмæ цы фарста уыдзæн, уый. Сылгоймаг у оператор – психолог. Хабар цы ран æмæ цæй тыххæй æрцыд, уый базонынæн хъуамæ 75 секундæй фылдæр ма бахардз кæна. Ацы куыст кæны 17 азы. Куыд зæгъы, афтæмæй уыцы рæстæгмæ фембæлд алыхуызон хъуыддæгтимæ. Бахъуыды кæны алы цау дæр, фæлæ æппæтæй уæззаудæр уыд æрæджы – адæймаджы йæхиуыл йæ къух сисын куы нæ бауагъта, уæд. Ларисæ зæгъы – сæйрагдæр у адæймаджы хиуыл æрæууæндын кæнын. Æмæ уыцы хъуыддаг психологæн куы бантысы, уæд, зæгъæн ис, æмæ йæ куысты рдæг бакодта.
Ам диспетчерты сменæ у 24 сахаты. Куыст зын у. Бонмæ æрбадзурынц 2 мин адæймджы онг. Æнæнхъæлæджы фæтк, фæндаггон фыдбылызтæ æмæ афтæ дарддæр. Адæм цы фарстатимæ æрбадзурынц, уыдон бирæ сты. Оператор саразы сæвзæрд уавæрмæ гæсгæ хъæугæ картæ, æмæ фыдбылыз цы бынаты æрцыд, уырдæм арвиты æвæстиаты службæтæ.
Зæрдæхсайд, депресси æмæ сагъæстæ. Алы адæймаджы царды дæр æрцæуы, йæ зæрдæйæн уæззау чи вæййы, ахæм цау. Уæд сын баххуыс кæнынц психологтæ. Ацы бонты бæрæг кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон. Арæх фарстатæ алыг кæнынмæ нæ сарæхсынц карджын адæм дæр, уæдæ сывæллонæн та уыцы хъуыддаджы бынтон зын уыдзæн. Уæрæсейы кусынц сæрмагонд службæтæ. Уырдæм æххуысагур бадзурæн ис алкæмæн дæр.
Сывæллæтты æппæтуæрæсеон æууæнчы телефон йæ куыст кæнын райдыдта 2010-æм азы. Æрвылаз æххуысы фæдыл ардæм æрбадзурынц милуан сывæллоны онг. Цæгат Ирыстоны сывæллæтты æууæнчы телефоны регионалон координатор у æнахъомты социалон реабилитацийы центр «Доброе седце».
Адæмæн æгæрон æххуыс чи кæны, уыцы хъайтартæ. Психологтæ куыд зæгъынц, афтæмæй бахъуаджы рæстæг раст ныхæстæ ссарын алкæйы бон нæу. Фæлæ, адæмыл хъуыдыгæнгæйæ, специалисттæм фæзыны ног тыхтæ æмæ та дарддæр фæкæнынц сæ куыст.




