29 ноября 2023, 11:16
Дзæуджыхъæуы цæрæг Фидараты бинонтæ расидтысты хæрзаудæн акци
Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ арвыстой сæ бæркадджын тыллæджы хай
Дзæуджыхъæуы цæрæг Фидараты бинонтæ расидтысты хæрзаудæн акци. Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ арвыстой сæ бæркадджын тыллæджы хай. Бинонты хистæр Фидараты Олегмæ Быдыры Дæргъæвсы ис стыр дыргъдон. Æрзайын дзы кæнынц фæткъуыты цалдæр хуызы, æмæ сæм сæхæдæг базилынц. Фидаратæ курдиат бахастой Адæмон фронтмæ, цæмæй сæ ног тыллæг арвитой фронтмæ. Æхсæнадон змæлды активисттæ зæрдиагæй бацархайдтой, ацы хъæппæрис царды рауадзыны тыххæй. Гуманитарон æххуыс – фæткъуыты 30 ащыччы сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ арвыстой, проект «Алцыдæр
темæмæ гæсгæ




