Регионы разамонæг сын бузныг загъта се нæзæрдæхудт куысты тыххæй, æмæ сын сæ зæрдыл æрлæууын кодта, разæй ма сæм бирæ куыст кæй æнхъæлмæ кæсы, уый
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло республикæйы æвзарæн системæйы 30 азы кадæн паддзахадон æмæ республикон хæрзиуджытæ радта æвзарæн къамисты уæнгтæн. Регионы разамонæг сын бузныг загъта се нæзæрдæхудт куысты тыххæй, æмæ сын сæ зæрдыл æрлæууын кодта, разæй ма сæм бирæ куыст кæй æнхъæлмæ кæсы, уый. Иннæ аз бæстæйы цæудзысты Президенты æвзæрстытæ, æмæ куыд алы хатт, афтæ ныр дæр, сæйраг хæс у æвзæрстыты процесс æнæкъуылымпыйæ æмæ рæстдзæвинæй сæххæст кæнын, загъта Сергей Меняйло. Æвзарæн къамисты уæнгтæ сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл арфæтæ райстой Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ Цæгат Ирыстоны сæйраг æвзарæн къамисы разамонæг Моргуаты Жаннæйæ дæр. Уæлдæр къæпхæны хæрзиуджыты аккаг систы 50 адæймагæй фылдæрæй.




