30 ноября 2023, 11:20
Кæлæддзаг хæдзæртты чи цæры, ахæм 145 Дзæуджыхъæуккаг бинонтæн афæдзы кæронмæ ратдзысты ног цæрæнуæттæ
Уыдонæй 138 сты раздæры завод Граны цæрджытæ, аст та Грибоедовы æмæ Станиславскийы уынгты хæдзæртты цæрджытæ
Кæлæддзаг хæдзæртты чи цæры, ахæм 145 Дзæуджыхъæуккаг бинонтæн афæдзы кæронмæ ратдзысты ног цæрæнуæттæ. Уыдонæй 138 сты раздæры завод Граны цæрджытæ, аст та Грибоедовы æмæ Станиславскийы уынгты хæдзæртты цæрджытæ. Уый тыххæй агентад ТАСС-æн загъта горæты администрацийы профилон комитеты минæвар Гуыбаты Умар. Ног цæрæнуæттæ ратдзысты нысанон муниципалон программæйы фæрцы. Аст бинонтæ хæдзæрттæ райсдзысты регионалон программæйы фæлгæты. Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы кæлæддзаг хæдзæртты реестры ис 43 бирæфатерон хæдзары. Сæ иумæйаг фæзуат у 56 мин квадратон метры. Уымæй уæлдай 135 хицæн цæрæнуаты банымадтой, цæрынæн чи нал бæззы, ахæмыл.
темæмæ гæсгæ




