филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:57 воскресенье, 01 февраля 2026
30 ноября 2023, 11:24
Плиты Иссæйы хæдзар-музейы арæзт æрцыд мадзал «Æртæ инæлары»

Бæрæгбоны концерт бацæттæ кодта Уæрæсейы адæмон артисткæ, Цæгат Ирыстоны Оперæ æмæ Балеты паддзахадон театры аивадон разамонæг Гергиты Ларисæ

Ацы аз республикæйы бæрæг кæнынц 3 номдзыд инæлары, Советон Цæдисы Хъæбатыртæ Плиты Иссæйы, Хетæгкаты Георгийы æмæ Мамсыраты Хаджумары райгуырды 120 азы. Уыдоны кадæн Советон Цæдисы 2 хатты Хъæбатыр Плиты Иссæйы хæдзар-музейы арæзт æрцыд мадзал «Æртæ инæлары». Бæрæгбоны концерт бацæттæ кодта Уæрæсейы адæмон артисткæ, Цæгат Ирыстоны Оперæ æмæ Балеты паддзахадон театры аивадон разамонæг Гергиты Ларисæ. Мадзалы архайдтой Мариинаг театры филиалы солисттæ. Уазджыты *хсæн уыдысты хъæбатырты хæстæджытæ, Хицауады минæвæрттæ, æвзонг хæстонтæ æмæ скъоладзаутæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania