филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:57 воскресенье, 01 февраля 2026
01 декабря 2023, 11:28
Ацы бонты йæ юбилей бæрæг кæны Дзæуджыхъæуы символтæй иу

160 азы размæ нæ горæты фæзынд Цæнгæт хид

Ацы бонты йæ юбилей бæрæг кæны Дзæуджыхъæуы символтæй иу. 160 азы размæ нæ горæты фæзынд Цæнгæт хид. Ис ын хъæздыг истори. Йæ байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой Михаил Романов æмæ йæ бинойнаг Ольгæ. Рæстæгимæ хиды хуыз аивта, фæлæ æнæивгæ баззад, арæзтадæн цы ахсджиаг нысаниуæг ис, уый. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Æрвылбон сæдæгай машинæтæ æмæ адæм хизынц йæ сæрты азæй-азмæ. Уый та дарддæр лæууы йæ бынаты. Æмæ кæд йæ фыццагон хуыз нал ис, æнæ йæ зæронд хæйттæй у, уæддæр хид цæры. Цæнгæт хид ам фæзынд нырма горæтæн бындур æвæрд куы не рцыд, уæд – 160 азы размæ. Уæд уыдис æндæрхуызон. Рæстæгимæ аивта. Ныртæккæ у Дзæуджыхъæуы символтæй иу.

Ног хид сси Дзæуджыхъæуы æцæг хæзна. Сæрыстыр дзы уыд æрмæст горæт нæ, фæлæ æппæт бæстæ дæр. Уæрæсейы, ахæм хуызы æфсæнбетон арæзтадтæй уыд фыццæгтæй иу. Конструкци банымайæн ис инженерон аивады цыртдзæвæныл. Ис ын хъæздыг истори – йæ арæзтадæй – цы ном ын лæвæрд æрцыд, уый онг.

Уыцы хъуыдыимæ Ольгæ сразы. Уæдæй фæстæмæ хид райдыдтой хонын Ольгинский, зæгъгæ. Цæмæй кадджын уазджытæ хид куы байгом уа, уый сæхæдæг феной, уый тыххæй куыстытæ фæтагъддæр кодтой. Æмæ алцыдæр рауад. Арæзтады чысыл адæм нæ архайдта, сæ хыгъды фæсарæйнаг специалисттæ дæр.

Ныртæккæ ацы бынаты уыцы дуджы æвдисæнтæй ницыуал баззад. Фæлæ уый æрмæст ам. Зæронд хиды конструкцитæ апарахат сты республикæйы. Йæ 2 хайы иу кæнынц Терчы былгæрæттæ Суннитаг мæзджытмæ хæстæг, иннæтæ та лæггад кæнынц хæххон хъæуты цæрджытæн. Адæм ныр кæуыл сахуыр сты, уыцы цæнгæт хиды хæйттæ та фæзындысты рæстæгимæ.

Æмæ нæ фæрæдыдысты. Сæрыстыр æмæ тыхджын стайтæ саив кодтой горæт. Афтæ кæсы, цыма хъахъхъæнынц æнустæ чи баиу кодта, уыцы историон  хид.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania