Ацы аз хъуыстгонд журналист, актер, режиссер, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг сбæрæг кодта йе 80 азы юбилей
Хъарм хъæбыстæ, тыхджын къухæмдзæгъд æмæ дидинджытæ. Афтæмæй райдыдта Баскаты Уырызмæджы сфæлдыстадон изæр йæ райгуырæн Æрыдоны. Ацы аз хъуыстгонд журналист, актер, режиссер, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг сбæрæг кодта йе 80 азы юбилей. Уый кадæн арæзт æрцыд стыр концерт. Сæ курдиатæй йæ саив кодтой сфæлдыстадон коллективтæ, артисттæ. Уæвгæ, сфæлдыстадон изæр схонæн ис Баскаты Уырызмæджы æмбæлтты, æмкусджыты, йæ хиуæтты, стæй рагон зонгæты фембæлды бынат. Йæ бирæ азты куысты рæстæг Уырызмæджы базыдтой куыд спортивон журналисты, афтæ. Спортуарзджытæн дзырдта бирæ дунеон турнирты тыххæй. Уæдæ стыр æргом здæхта национ спорты хуызтæм дæр. Архайдта сæ парахат кæныныл. Ныртæккæ дæр йæ профессионалон архайдæй дæнцæг хæссы йæ кæстæр æмкусджытæн. Уыцы æххуыс та се ппæт дæр сæ зæрдыл бадарынц.




