ЦИПУ-йы концертон залы сценæйы хуыздæртæ суæвыныл архайдтой æртæ командæйы – Цæгат Ирыстоны, Стъараполы крайы æмæ Цæцæны республикæйы минæвæрттæ
Дзæуджыхъæуы ацыд хъæлдзæг æмæ цыргъзондты клубы «Алани»-йы лигæйы хъæзтыты финал. ЦИПУ-йы концертон залы сценæйы хуыздæртæ суæвыныл архайдтой æртæ командæйы – Цæгат Ирыстоны, Стъараполы крайы æмæ Цæцæны республикæйы минæвæрттæ. Сæйраг приз – чемпионы рон æмæ Сочимæ путевкæ. Уым та ацæудзæн 35-æм æппæтадæмон фестиваль. Лигæйы æппæты æрыгондæр командæ сси «Мексика». Ацы хъазт ын ахæм егъау хуызы у фыццаг къахдзæф. Нырмæ фæсивæд уыдысты юниорты лигæйы. Командæты арæхстдзинадæн аргъ кодтой алыхуызон хъæлдзæг æмæ цыргъзондты клубты командæты уæнгтæ Æгайты Эльберд, Æлборты Дзерассæ, режиссер Кокайты Алан, æмæ Карен Каджоян. 8-æм сезоны уæлахиздзаутæ систы дыууæ командæйы. Фыццаг бынат адих кодтой Цæгат Ирыстоны æмæ Цæцæны республикæйы командæтæ.




