Йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныртæкæ нæ сæйраг нысан у бæстæйы хæдбардзинад бахъахъхъæнын
Уæрæсейы президент Владимир Путин дзуæппытæ радта журналистты æмæ нæ бæстæйы цæрджыты фæрстытæн. Йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныртæкæ нæ сæйраг нысан у бæстæйы хæдбардзинад бахъахъхъæнын. Уæрæсемæ ис фаг хъомыс, цæмæй ныфсджынæй размæ цæуа. Нæ бæстæйы мидæггаг æфтиаг ацы аз сси 3,5%, уый фæрцы экономикæйæн фарон цы зиан æрхастой, уый уæлдайджынтæй бахгæдтой. Æгуыстдзинады бæрц ныртæккæ Уæрæсейы у 2,9%. Ахæм хорз бæрæггæнæн нырма нæ бæстæйы никуыма уыд. Уæрæсейы цæрджыты мызд, президенты ныхæстæм гæсгæ, фæфылдæр уыдзæнис 8%. Сæрмагонд æфсæддон операцийыл дзургæйæ, Владимир Путин загъта, нæ размæ æвæрд нысан куы сæххæст кæнæм, сабырдзинад æрмæстдæр уæд кæй уыдзæнис, уый. Мобилизацигонд чи рцыд, уыдоны кой кæнгæйæ президент бафиппайдта, иттæг хорз кæй тох кæнынц, уый. Цы æртæсæдæ мин адæймагмæ æрсидтысты, уыдонæй 14-æн саккаг кодтой Уæрæсейы хъæбатырты нæмттæ. Президентмæ фарста радта нæ республикæйы минæвар Колыты Людмилæ. Йæ фарста бар дардта, бархионæй сæрмагонд æфсæддон операцимæ чи ацыд, уыцы адæмы уавæртæм. Владимир Путин стыр аргъ скодта цæгатирыстойнаг батальонтæ «Алани» æмæ «Шторм Осетия»-йы архайдæн.