филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:02 суббота, 21 сентября 2024
19 декабря 2023, 12:07
Куырттаты комы айдæны хуызæн стай цы ран æвæрд ис, уый бирæты мæты æфтауы

Арт-объектмæ хæстæгдæр бацæуын бирæ адæмы фæфæнды, æмæ арæх уый расайы тæссаг уавæртæм

Куырттаты комы айдæны хуызæн стай цы ран æвæрд ис, уый бирæты мæты æфтауы. Арт-объектмæ хæстæгдæр бацæуын бирæ адæмы фæфæнды, æмæ арæх уый расайы тæссаг уавæртæм. Фæндаджы хай быруйæ сæхгæдтой, фæлæ иуæй-иу туристты уый дæр нæ уромы. Ацы фарстайыл ныр цалдæр азы цæуы ныхас, фæлæ йæ куыд алыг кæнын хъæуы, уый фæдыл иу хъуыды нæй. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Хæххон гуылфæг цæугæдоны сæрмæ дурыл цы айдæны хуызæн стай æвæрд ис, уый сси Хъæдæргъæвæны символ. Фæлæ кавказаг сырдимæ рæсугъд хуызистытæ скæнынмæ бæлгæйæ, бирæтæ сæхи тæссаг уавæры бафтауынц. Иуæй-иу туристтæ бахизынц быруйы сæрты. Уæдæ тæссаг у арт-объекты алыварс территори дæр. Къуылдым сындæггай згъæлы, къæдзæхæй та æрхауынц стыр дуртæ. Бæлццæтты нæ уромы фæдзæхсты нысан дæр. Уыдис æвирхъау цаутæ дæр.

Суанг уазал бонты дæр стайы раз туристты нымæц нæ къаддæр кæны. Иутæ уайтагъд быруйывæрсты цæуын райдайынц, æмæ æрмæстдæр не сфæлдыстадон къорд фенгæйæ, раздæхынц фæстæмæ фæндагмæ.

Цалынмæ ацы хайы быру нæ сæвæрдтой, уæдмæ фæндагыл дæр æвзæрд тæссаг уавæртæ – æрвылбон-иу ам æрлæууыд дæсгай машинæтæ. Уæллаг Фыййагдоны администрацийы сæргълæууæг уый фæдыл фæсидт фæндаггон комитетмæ. Гуыриаты Валерий рагæй архайы ацы фарстайыл.

Экскурситæ аразджыты республикон ассоциацийы куыд зæгъынц, афтæмæй бирæ азты цы фарста тыхсын кæны, уый ныр æнæмæнг лыг кæнын хъæуы. Кæд гидтæ сæ къордты фæдзæхсынц тæссаг кæй у, уый тыххæй, уæд сæхæдæг цы туристтæ балц кæнынц, уыдоны чи бахъахъхъæна, уый нæй.

Республикæйы туризмы райрæзты фонды цæстæнгас ацы хъуыддагмæ фыстæджы бамбарын кодта йæ директор Гæбæраты Алыксандр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, объект æндæр бынатмæ ахæссыны фарстайы фæдыл ныртæккæ куыст цæуы. Гидты активон къорд у стайы ахæссыны ныхмæ, фарста алыг кæнынæн сæм ис хи проект. Уавæр хъуамæ бæлвырдгогд æрцæуа 2024-æм азы туристон сезоны райдианы агъоммæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania