20 декабря 2023, 12:22
Цæгат Ирыстоны скъолаты библиотекæты фонд фæхъæздыгдæр кодтой 10 мин чиныгæй фылдæрæй
Иууылдæр – ирон æвзагыл
Цæгат Ирыстоны скъолаты библиотекæты фонд фæхъæздыгдæр кодтой 10 мин чиныгæй фылдæрæй. Иууылдæр – ирон æвзагыл. Уыдоны хыгъды – Гуырдзыбеты Блашкайы, Дзасохты Музаферы, Коцойты Арсены, Ходы Камалы, Гæдиаты Секъайы æмæ бирæ æндæр зындгонд ирон авторты уацмыстæ. Хицæн ныхасы аккаг у, фæсарæйнаг уацмысты тæлмац ирон æвзагмæ дæр. Зæгъæм, Шекспиры сонеттæ. Республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ куыд зæгъы, афтæмæй не скъолаты библиотекæты цы чингуытæ ис, уыдон арæх сног кæнынц. Архайынц, цæмæй аивадон литературæ фылдæр уа ирон æвзагыл. Цæмæй нæ сывæллæттæн фадат уа нæ фысджыты уацмыстæ ирон æвзагыл кæсынæн æмæ национ литературæимæ зонгæ кæнынæн.
темæмæ гæсгæ




