Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы хъæууон хæдзарады пресс-службæ
Хæстæгдæр рæстæг, импорты фæрцы æйчыты аргъ хъуамæ снывыл уа. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы хъæууон хæдзарады пресс-службæ. Æнæмæнг хъæугæ фæрæзы хуызы ведомствæ рахаста уынаффæ, импорты пошлинæтæ айсын. Продукцимæ æнхъæлмæ кæсынц Азербайджанæй æмæ Туркæй. Ацы продукты аргъ асламдæр кæнын райдайдзæн ног азы фæстæ, зæгъынц федералон ведомствæйы. Уавæры тыххæй йæ хъуыдытæ загъта бæстæйы Президент дæр. Паддзахады сæргълæууæг ацы хъуыддаг схуыдта хицауады къуысты къуылымпыдзинад. Зæрдæ бавæрдта – хæстæгдæр рæстæг хъуыддаг йæ бынатмæ æрцæудзæн. Æйчытæ фæзынаргъдæр сты 40%, иуæй-иу регионты та уымæй фылдæр. Президенты ныхæстæм гæсгæ, йæ аххосаг у, ацы продукцийы фæлхасгæнæг кæй фæфылдæр, импорт та афоныл сæ сарæхст.




