филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:38 воскресенье, 01 февраля 2026
26 декабря 2023, 11:03
Рæстæджы цыдимæ ивгæ цæуынц адæмы цардархайды уавæртæ

Нæ уацхæccæг бабæрæг кодта Дыгуры район

Рæстæджы цыдимæ ивгæ цæуынц адæмы цардархайды уавæртæ дæр. Æнæмæнг – хуыздæрырдæм. Уымæн бирæ æвдисæнтæ ис. Нæ уацхæccæг бабæрæг кодта Дыгуры район. Федта, Хъарман-Сындзыхъæуы цыбыр рæстæгмæ адæмы æнцойдзинадæн цы хорздзинæдтæ конд æрцыд, уыдон. Афæлгæст дыууæ социалон объектыл, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Æддейæ бакæсгæйæ бæстыхайы нысаниуæг зын базонæн у, уымæн æмæ хъæуы ахæм стыр бæстыхай арæзт æрцыдаид рæвдауæндонæн, ууыл зын баууæндæн у. Райдзаст бацæуæнтæ, аив хъазæн бынæттæ, алцæмæй æххæст ахуыргæнæн бынæттæ,  актон зал, æппæт ацы хъæуыддæгтæ сты

Хъарман-Сындзыхъæуы сывæллæтты рæвдауæндоны. Ацы дыууæуæладзыгон бæстыхаймæ цæуы нæуæдз æртæ сывæллоны. Ис дзы фондз къорды. Уыимæ та ма дзы сабитимæ, лæвар архайынц уæлæмхасæн ахуырадон къордты. Уагдоны коллектив, зæрдиагæй цин кæнынц сæ уавæртыл, æмæ фæтыхсынц, иу сывæллон  куы фæрынчын вæййы, ууыл дæр. Куыд зæгъынц, афтæмæй, уæд сæ ахуырадон процесс хæлгæ кæны.Стыр æргом дзы здахынц маддæлон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддагмæ дæр.

Æмæ æцæгæй дæр, ацы рæвдауæндоны уавæртæ сты бæллиццаг. Æрмæст сæ цæлгæнæнмæ бацæугæйæ,  дисы æфтауынц сæ гæнæнтæ.

Рæвдауæндоны директор Касаты Эльзæ, алцæуылдæр афтæ цин кæны, цымæ йын сæ йæхицæн скодтой. Нæма йæ ферох раздæр цы зын уавæрты архайдтой, уый, æмæ стыр аргъ кæны, бæстыхайы алы къуымæн дæр. Æрмæст асинты бын цы гыццыл бынат ис, уымæй спайда кæнын æмæ дзы музей саразыны хъуыды йæм кæй фæзынд, уый дæр диссаг у. Сывæллæттæ сæ алы æрбацыды цин кæнынц, стæй зæрдæйыл дардзысты фенд æрмæджыты истори, ахадындзинад.

Уагдоны директоры куы бафарстон , уæ тыхст ныртæккæ цæуыл у, зæгъгæ, уæд мæм фæлмæн бахуыдт æмæ загъта – алцæмæй дæр  æххæст стæм, æрмæст дæр кус æмæ сывæллæттæн  райдзаст цард араз.

Хъарман-Сындзыхъæуы цæрджытæй дзæбæх нæма уырны  Паддзахадон программæты фæрцы сæм цы стыр лæвæрттæ æрхауд, ууыл. Фæлæ сын сæ ахадындзинад та бонæй бонмæ сæхиуыл тынгдæр æнкъарынц. Афтæ цы фельдшерон-акушерон пункт дзы байгом, уый фæрцы сæ Дигорамæ цæуын нал хъæуы боныгон стационары лæггæдтæ райсыны тыххæй. Ам сын ис æппат фадæттæ дæр , уыимæ та сын хостæ дæр дæдтынц лæвар.

Куыстытæ конд æрцыдысты æнæниздзинадхъахъхъæнынады фыццаг къабазы рацарæзты программæ æххæстгæнгæйæ. Амбулатори бонмæ лæггад кæндзæн фæндзай адæймагæн, хъæубæсты та ис дыууæ мин æмæ фондзсæдæ цæрæджы. Битарты Фатимæ фыццаг хатт не рбацыд аххуысагур, куыд зæгъы, афтæмæй райдзаст уавæртæ æмæ дæсны дохтыртæ иумæ, уæлдай æххуыс сты рынчынæн.

Амбулатори раздæр уыд хъæуы администрацийы бæстыхайы, уый та зындзинæдтæ æвзарын кодта куыд кусджытæн, афтæ бынæттон цæрджытæн дæр. Ног бæстыхайы ис стационар, физиотерапийæйы кабинет, прививкæтæгæнæн æмæ процедурæтæ аразæн бæстыхæйттæ, стæй хи лаборатори. Кусы дзы терапевт, сывæллæтты дохтыр, цыппар медицинон хойы, акушер æмæ санитар. Уæвгæ та дохтыртæ кусынц  программæ «Земский доктор»-мæ гæсгæ.

Амбулаторийы дохтыр Цъобпойти Лаурæ кæд æрыгон у, уæддæр йæ уæззау зондыл хæст æмæ коллективæн уарзон.

Афтæмæй Хъарман -Сындзыхъæуы уавæртæ бонæй – бонмæ кæнынц зæрдæмæдзæугæдæр, зæгъы хъæуы сæргълæууæг Магаты Аслан. Фæлæ ма ис  цæст æрдаринаг хъуыддæгтæ дæр.

Фидæн уыцы хъæуæн ис, æмæ цæрджытæ кæм уа. Хъарман -Сындзыхъæуы цы ногдзинæдтæ конд æрцыд, æмæ цæуы, уыдоны фæрцы йæхимæ кæй æлвасдзæн йæ фæсивæды дæр, уый дызæрдыггаг нæу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania