27 декабря 2023, 10:52
Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ радон хатт арвыстой гуманитарон æххуыс
Фсинтæн бантыст 3 мин чъирийы онг сфыцын
Уды хъармдзинадимæ æмæ уарзондзинадимæ Ирыстонæй… Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ радон хатт арвыстой гуманитарон æххуыс. Ног азы къæсæрыл нæ республикæйы барадхъахъхъæнджыты бафæндыд, тохы быдыры цы ирыстойнаг æфсæддонтæ ис, уыдонæн ирон чъиритæ арвитын. Цыхт, картоф æмæ цæхæрайы сыфтæ… Волонтертæ сфыхтой алыхуызон чъиритæ. Хæрзад кæй сты, уый дызæрдыггаг нæу, уымæн æмæ сæ кодтой сæ уды хъармдзинад лæвар кæнгæйæ. Фсинтæн бантыст 3 мин чъирийы онг сфыцын. Чъиритимæ алы къоппы дæр ис фыстæджытæ Республикæйы Сæргълæууæджы администрацийы æмæ Хицауады кусджытæй. Уый та дзуры, сæ гыццыл Ирыстоны сæ кæй нæ рох кæнынц æмæ сæм тынг кæй æнхъæлмæ кæсынц, ууыл.
темæмæ гæсгæ




