27 декабря 2023, 10:57
Иу мин цæгатирыстойнаг сывæллонæй фылдæр райсдзысты Ног азы лæвæрттæ депутат Мæхъиты Зурабæй
Бæрæгбоны адджинæгтæ балæвар кæндзысты бирæсывæллонджын æмæ æххуысхъуаг сабитæн
Иу мин цæгатирыстойнаг сывæллонæй фылдæр райсдзысты Ног азы лæвæрттæ Паддзахадон думæйы депутат Мæхъиты Зурабæй. Бæрæгбоны адджинæгтæ балæвар кæндзысты бирæсывæллонджын æмæ æххуысхъуаг сабитæн. Уымæй уæлдай, ацы аз схорзæхджын кæндзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты цоты дæр. Ног азы къæсæрыл сывæллæтты барæвдаудзысты «Иугонд Уæрæсе»-йы бынæттон хайадты æмæ волонтерты руаджы.
темæмæ гæсгæ




